Эдзойы Республикæ
Эдзойы Республикæ кæнæ Республикæ Эдзо (яп. 蝦夷共和国, транскрипцийы æндæр вариант: Эцуйы Республикæ), зæгъгæ, афтæ хуындæуыд, 1868–1869-æм азты Хоккайдойы сакъадахыл (уæд хуындис Эдзо) чи уыдис, уыцы паддзахад. Арæх æй фæхуындæуы Азийы фыццаг республикæ.
Республикæ фæзындис Босины Хæсты рæстæг. Сёгуны фарслæуджытæ Японы императоры æфсæдтæн куы фембылды сты, уæд сёгуны флоты иу хай цалдæр мин салдаты æмæ францаг æфсæддон уынаффæгæнджытимæ æрцыдис Эдзойы сакъадахмæ. 1868-æм азы 15 декабры уыдис Японы историйы фыццаг æвзæрстытæ — ног республикæйы президентæй равзæрстæуыд адмирал Эномото Такэаки.
Эдзойы æфсæддон разамынды бирæ уыдис францаг уынаффæгæнджытæ. Се ’хсæн сæйраг уыдис Жюль Брюне. Кæд æмæ сæйраг къамандыгæнæг уыдис япойнаг Отори Кэйсукэ, уæддæр, цы 4 бригадыл дихгонд æрцыдис æфсад, уыдоны сæргъы лæууыдис фæйнæ иу францаг афицеры.
Республикæйы банымадтой Францы Дыккаг импери æмæ Британийы импери, сæ политикон æмæ æфсæддон архайджытæ та афтæ активонæй куыстой Эдзо аразыныл, æмæ уый охыл сæ ис хонæн ацы ног паддзахады сæрæвæрджытæ.
Республикæйы цыбырдуг историйы дæргъы нæ банцадис, 1868-æм азы 20 октябры чи райдыдта, уыцы Хакодатейы хæстон операци. Республикæ куы расидтæуыд, уæд æй император нæ банымадта æмæ 1869-æм азы 20 мартъийы, Эдзо цы территори ахста, уырдæм æрвыст æрцыдис наутæ æмæ 7000 фистæг æфсæддоны. 1869-æм азы 6 майы Республикæйы æмæ Империйы флотты ’хсæн Миякойы бухтæйы уыдис хæстæмбæлд. Япойнаг историографийы ацы цау хуыйны Миякойы хæстæмбæлд. Фæуæлахиз дзы Японы империйы флот. Фембылды фæстæ францаг уынаффæгæнджытæ ныууагътой сакъадах, 17 майы та басастæуыд ныхмæлæуды фæстаг артдзæст — фидар Горёкаку. 27 июны Эдзойы Республикæйæн официалон æгъдауæй æрцыдис кæрон. 15 августы сакъадахæн рардæуыд ног ном — Хоккайдо.
Эномото Такэаки æрцыдис тæрхонгонд. Цы йын стæрхон чындæуыд, уыцы æмгъуыд ахæстоны фæбадыны фæстæ уый ахста алыхуызон паддзахадон бынæттæ, уыимæ иу рæстæг уыдис Японы минæвар Уæрæсейы империйы.