Леонард Эйлер (нем. Leonhard Euler) уыдис швейцайраг, немыцаг æмæ уæрæсейаг математик æмæ механик, уыцы зонæдты иртасынмæ бындурон бавæрд чи ныккодта, уый. Уыдис 850 куыстытæй фылдæр автор математикон анализ, дифференциалон геометри, нымæцты теори, æххæстон хыгъдытæ, æрвон механикæ, математикон физикæ, оптикæ, баллистикæ, музыкæйы теори æмæ бирæ æндæр фадгуыты. Уыдис Бетъырбухы, Берлины, Турины, Лиссабоны æмæ Базелы зонæдты академиты академик, Парижы зонæдты академийы фæсарæйнаг уæнг.

Леонард Эйлер
нем. Leonhard Euler
Эйлер 1756-æм азы
Эйлер 1756-æм азы
Райгуырды датæ 1707-æм азы 15 апрелы(1707-04-15)[1][2][…]
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 1783-æм азы 18 сентябры(1783-09-18)[1][2][…] (76 азы)
Мæлæты бынат
Бæстæ
Зонады къабаз математикон анализ[d][5], нымæцты теори[d], науаразын[d], вариацион хынцынад[d], астрономи[5], механикæ[d][5], дифференциалон æмбæрты теори[d], баллистикæ[d], оптикæ[d][5], математикæ[5], музыкæйы теори[d], дифференциалон хынцынад[d][5], графты теори[d][5], физикæ[5] æмæ логикæ[d][5]
Куысты бынат
Альма-матер
Ахуырадон къæпхæн магистр[d][6] æмæ философийы доктор[d][7]
Зонадон разамонæг Иоганн Бернулли[d][7][8]
Ахуыргæнинæгтæ Михаил Евсеевич Головин[d], Пётр Борисович Иноходцев[d], Семён Кириллович Котельников[d], Андрей Иванович Лексель[d], Степан Яковлевич Румовский[d], Николай Иванович Фусс[d], Иоганн Альбрехт Эйлер[d][9] æмæ Жозеф Луи Лагранж[d][7]
Къухфыст Подпись
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Йæ царды ’рдæг Уæрæсейы фæцардис æмæ Уæрæсейы зонады æрлæууынмæ стыр бавæрд фæкодта. 1726-æм азы æрбахуыдтой йæ Бетъырбухмæ кусынмæ æмæ иу азы фæстæ дзы цæрын райдыдта. 1726-æм азæй 1741-æм азмæ, æмæ стæй 1766-æм азæй уыдис Бетъырбухы зонæдты академийы уæнг (фыццаджыдæр дзы адъюнт уыдис, 1731-æм азæй та профессоры титул систа). 1741-1766-æм азты Берлины куыста. Уæрæсейы иу аз куы фæцардис, уæд уырыссаг æвзаг хорз базыдта æмæ йæ куыстыты хай, уæлдайдæр ахуыры чингуытæ, уырыссаг æвзаджы мыхуыр кодта. Фыццаг уырыссаг академиктæ-математиктæ æмæ астрономтæ Эйлеры ахуырдзаутæй уыдысты (кæс С. К. Котельников æмæ С. Я. Румовский).

Леонард Эйлеры хистæр фырт, Иоганн Альбрехт, уыдис зынгæ математик æмæ физик.

Эйлеры сывæллæттæ сеппæтдæр систы Уæрæсейы граждæнтæ, йæ байзæддæгтæй иуæй-иутæ ныр дæр Уæрæсейы цæрынц.

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. 1,0 1,1 Архив по истории математики Мактьютор — 1994.
  2. 2,0 2,1 Leonhard Euler // Nationalencyklopedin (швед.) — 1999.
  3. 3,0 3,1 Эйлер Леонард // Большая советская энциклопедия (уырыс.): [в 30 т.] / под ред. А. М. Прохорова — 3-е изд. — Москва: Советская энциклопедия, 1969.
  4. 4,0 4,1 www.accademiadellescienze.it (итал.)
  5. 5,0 5,1 5,2 5,3 5,4 5,5 5,6 5,7 5,8 Чешская национальная авторитетная база данных
  6. 6,0 6,1 6,2 Наточин Ю. В. Становление физиологии в России: XVIII век, The Development of Physiology in 18th Century in Russia (уырыс.) // Историко-биологические исследования — 2016. — Т. 8, вып. 2. — С. 9—24. — ISSN 2076-8176; 2500-1221
  7. 7,0 7,1 7,2 Математикон генеалоги (англ.) — 1997.
  8. Berry A. A Short History of Astronomy (брит. англ.)London: John Murray, 1898.
  9. Euler's Disciples (Students)