Мæргътæ
Маргъ, цъиу, бирæон нымæц: мæргътæ, цъиутæ (лат. Aves) у рагъыстæгджын цæрæгойты хъармтуг айкæфтауæгты кълас, сæ минæвæрттæ хицæн кæнынц уымæй, æмæ сæ буар вæййы базыртæй конд æмæ сæ раззаг уæнгтæ сты ивд тæхыны фæрæзтæм — базыртæм (кæцы мæргъты хуызтæ нæ зонынц тæхын, уыдон сты æнæ райхæлгæ базыртæ).
Мæргътæ | ||||||
---|---|---|---|---|---|---|
Зонадон классификаци | ||||||
|
||||||
Латинаг ном | ||||||
Aves Linnaeus, 1758 | ||||||
|
Фыццагæй дæр мæргъты буар уыди тæхынхъом арæзт, фæлæ ныр ис бирæ æнæтæхæг мæргътæ. Ноджы ма иу хицæнгæнæн миниуæг у — бырынкъ (цъиубырынкъ).
Зæххыл абоны онг ис 9792 алыхуызон мæргътæ (2007 азы рардтæм гæсгæ), Уæрæсейы сæ ис — 657 ахстонгæнæг хуызы, фæлæ иууыл-иумæ та дзы нысангонд сты 789 хуызы, се ’хсæн 125, кæдонæн с’ ахстонгæнæн æвдыст нæу, æмæ 7 та быныскъуыд хуызы. Мæргътæ сты цыппарвадонты уæлкъласы æппæты æндæрхуызондæр къорд. Мæргътæ бынат кæнынц Зæххы къорийы алы экосистемæйы дæр Арктикæйæ Антарктикæмæ.
Зонад, кæцы иртасы мæргъты æмæ цъиуты хуыйны орнитологи.
Этимологи
ивынНыхас «маргъ» цæуы ирайнаг *mrga-мæ, нысан кæны "маргъ". Абар. перс. murγ, (диал.) marγ "маргъ", пехл. murγ "маргъ"; перс. murγābī, курд. mirāwī "бабыз" (доны маргъ), бел. murg, murγ; афгъ. marγa marγə "маргъ", пам.сгл. mərγōk, marγōk "сырддонцъиу".[1]
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Абайты Васо. Ирон æвзаджы историон-этимологион дзырдуат. II-æм том