Conserve
Conserve (англ. хъахъхъæнын) — сæрмагонд индиаг компани, архайы пластикон хауæццæгты (бырæттæ) æмбырдыл æмæ ракуыстыл. Уый йеддæмæ ма аразы æмæ уæй кæны ахæм хомагæй конд продукци. Йæ нысаныл компани нымайы Делийы мæгуырдæр цæрджытæн сæ цард фæхуыздæр кæнын[1][2][3]. Компани у æхсæнадон змæлд Рæстаг базарады организацийы уæнг.
Conserve | |
---|---|
Тип | сæрмагонд компани[d] |
Бындурæвæрд | 1998 |
Ран | |
Сайт | conserveindia.org |
Бындур ын æрæвæрдтой 1998-æм азы Анитæ Ахуджа æмæ йæ лæг Шалабх.
Архайд
ивынПластикон бырон æмбырдгæнджытæ кæнынц æнцон куыст: лыг æй кæнынц, æхсынц æй зиангæнæг микробтæ марыны хостæй, хурмæ сæ хус кæнынц æмæ дзы аразынц алы стæвды (бæзны) сыфтæ. Фæстæдæр дзы скæнынц алы хуызы æххуырст хъæбæр æрмæг, хонынц æй handmade recycled plastic[3][2]. 80–100 пластикон пакетæй æртын минутмæ рауайы иу сыф.
Уыцы æрмæгæй пайда кæнынц продукцийы уæрæх ассортимент аразынæн. Алыхуызон пластикон сыфтæ куы баиу вæййынц, уæд дзы алы хатт рауайы хæдхуыз дизайн, ахорын дæр æй нал фæхъæуы[3][2].
Цасдæр рæстæджы фæстæ компанийы базыдтой резинæ шинæтæй хомаг кæнын, кæцы у хорз ивддзаг цармæн, хуыйын хызынтæ зæронд денимæй.
Нæ рæстæджы компани уадзы традицион хызынтæ, пæлæзтæ, зонтыктæ, гæрзтæ, æхцаæвæрæнтæ, къахыдарæс, базтæ, фæлындæнтæ, къоппытæ æмæ чингуытæ.
Conserve-йы хызынтæ уæй кæны Европæйы цалдæр горæты дуканиты, зæгъæм, Лондоны, АИШ-ы, уыимæ Индийы дæр[3].
Бæрæггæнæнтæ
ивын2007 азы компани иу мæймæ хуыдта æмæ уæй кодта цыппар мин хызыны, сæ æмткæй райсгæ аргъ хæццæ кодта 392 милуан доллæрмæ. Компанийы ма æфтиаг кæны папкæтæй, уазалгæнæн скъаппыты хæйттæй, алыхуызон бынæвæрæнтæ, зæгъæм, къахыдарæсæн, уæй канын.
Анитæ Ахуджийы проекты фæрцы ног кусæн бынæттæ ссардтой индиаг трущебæты 300 цæрæгæй фылдæр. Хорз куысты тыххæй компани Conserve-йы кусджыты мызд мæй рауайы 70-100 доллæры. Хуымæтæг пластикбырон æмбырдгæнæг Делийы исы æртæ хатты къаддæр æхца.
Компани йæ кусджыты ахуыр кæны æмæ сæ квалификаци фæбæрзонд кæныныл архайы. Уый сæрмагондæй æхсызгон у уыдонæн, уый размæ ахуырад æмæ куысты фæлтæрд кæмæ нæ уыд[3].
Сæ кусджытæн компани дæтты бар йæ клиникæйы сæ æнæниздзинад фæхуыздæр кæнын, фиды сæ кусджыты сывæллæты ахуырæн[3].
Истори
ивынСтуденткæ уæвгæйæ, Анитæ Ахуджа архайдта проекты. Уымæ гæсгæ æмбырд æмæ ракуыст кодтой компост æмæ хæдзары бырон 500 хæдзарадæй. Уæд йæ хъус бадардта, æнæуый быронимæ кæй ис дуне пластикон дзаумæттæ, зæгъæм, пакеттæ. Уыцы бæрæггæнæнтæ фидар конд уыдысты паддзахадон статистикæйæ: алы бон Индийы æппарынц цыппар тонн бырон, уыдонæй 15% вæййынц пластикæй конд дзаумæттæ.
Ныры æргътæм гæсгæ пластик æмæ полиэтилены æмбырд æмæ ракуыст экономикон æфтиаг нæ дæтты. Уымæ гæсгæ, фарст алыг кæнынæн сахартæ архайынц сæрмагонд компаниты фæрцы. Æлхæнджытæ исынц пластик æмбырдгæнджытæй æмæ йæ зынаргъдæрæй уæй кæнынц компанитæн.
Афтæмæй Нью-Делийы 80 мин быронæмбырдгæнæджы мæймæ бакусынц 25 доллæры. Æппæт сахары быронæй æмбырдгæнджыты къухты ацæуы 20 процентмæ ’ввахс. Кусджытæн сæ фылдæр хай у æнахуыр æмæ æнæ профессионалон фæлтæрдæй, сты индиаг хъæутæй æмæ сыхаг Бангладешæй рацæугæ.
Афтæмæй Анитæ сывæрдта йæ разы цалдæр хæсы. Иуæй — экологион, утилизаци, ракуыст æмæ ног продукци кæнын пластикон быронæй, иннæмæй — саразын ахæм социалон бизнес, кæцы фæхуыздæр кæндзæн мæгуыр адæмы цард. Компанийы куыст хъуæмæ хæсса экономикон æфтиаг.
Иннæ паддзахæдты хуызæн, Делийы быроны бизнесы сæргъы лæууынц иугонд фыдгæнджытæ. Уый тыххæй, æрмæстдæр паддзахады ахъаз бауагъта Анитæйы райдайын бырон æмбырд кæнын[3].
Conserve-йы продукци уайтагъд фæцыдис Европæйы цæрджыты зæрдæмæ. Conserve-йы сумкæтæ та райдыдтой уæй кæнын Европæйы хуыздæр дуканиты, зæгъæм, ахæм зындгонд брендты фарсмæ, куыд Benetton. Гыццыл фæстæдæр адæмы цæстæнгас быронæй конд сумкæтæм аивта Индийæн йæхи мидæг дæр, уым дæр цæ райдыдтой æлхæнын.
Компанийы архайд æнтыстджын куы сси, уæд цын пластикон хомæг бафæнд кодтой уæй кæнын фæсарæйнаг æмæ индиаг кондадтæ. Фæлæ Conserve-йы хицауад семæ кусын не сразы. Уымæн æмæ уый ныхмæ дзырдта компанийы социалон нысантимæ.
Пълæнттæ
ивынНог арæзт заводы фæрцы Conserve фæнд кæны фæуæрæх кæнын кондады хъомыстæ. Уæд продукцийы рауагъд фæфылдæр уыдзæн. Афæдз уаддзысты 1 млн м² пластикон сыфтæ. Уымæн бахъæудзæн 300 тонн пластик, ног кусæн бынæттæ ратдзысты 500 адæймагæн.
Йæ зонындзинæдтæ æмæ фæлтæрдзинад компани фæнд кæны ахæлиу кæнын Индийы иннæ регионтæм.
2010 азы компанийы размæ уыд æвæрд нысан: цæмæй йæ продукци фæзына европæйаг хызæгон дуканиты.
Æддаг æрмæг
ивын- Conserve-ы сайт: conserveindia.org.
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Megha Bahree. Bag Lady(англ.). Forbes (11 October 2007). Датæ: 2015-æм азы 27 апрелы.
- ↑ 2,0 2,1 2,2 Дарья Лебедева. Бизнес и закон(æнæбаххæсгæ æрвитæн). Частный кореспондент (15 декабря 2014). Датæ: 2015-æм азы 26 апрелы. Архив 2015-æм азы 28 апрелы.
- ↑ 3,0 3,1 3,2 3,3 3,4 3,5 3,6 Социальное предпринимательство в России и в мире: практика и исследования / Ответственный редактор Московская А.А.. — Издательский дом НИУ ВШЭ, 2011. — С. 288. — ISBN 978-5-7598-0883-1.