Эсперанто

(Esperanto-æй æрвыст)

Эсперанто (Esperanto) у пълангонд æвзаг.

Эсперантойы фыццаг ахуыры чиныг мыхуырæй рацыд 1887-æм азы уырыссаг æвзагыл

Эсперанто равзæрдис XIX æнусы, æрымысыдис йæ Варшавæйы цæрæг цæстыты дохтыр Людвик Заменгоф. Пайда дзы кæнынц куыд нациты ’хсæн дзурыны фæрæз. Эсперанто тынг æнцон у ахуыр кæнынæн, уый тыххæй æмæ национ æвзæгтæй хъауджыдæр у адæймаджы æрымысгæ æвзаг. Хуымæтæг (ома æвзæгтæ ахуыр кæнынмæ зæрдæргъæвд чи нæу) адæймаджы бон у эсперантойыл сдзурын 3–6 мæйы фæстæ.

Эсперанто рапарахат иc фыццаг чиныгæй, кæцы мыхуыры рацыдис уырыссаг æвзагыл Варшавæйы 1887-æм азы. Ныртæккæ зæххы къорийы эсперантойыл дзурынц 120 бæстæйы — дзурджытæ æдæппæт сты цалдæр милуаны.

Стыр ахъаз кæмæн уаид эсперанто базонын:

  • бынæттон æзвзæгтæ чи нæ зоны, ахæм дардбæлцæттæн;
  • эсперанто-фысымты хызæй (Pasporta Servo) пайда чи кæны, уыцы бæлцæттæн;
  • алыхуызон цымыдисаг митыл чи архайы, аххæм адæмæн (радиоуарзджытæ, филателисттæ æмæ иннæтæ);
  • фæсарæйнаг специалисттимæ профессион бастдзинæдтæ кæй хъæуынц, уыдонæн;
  • интернационалон форумты (уыимæ интернеты дæр) бацархайын кæй фæнды, уыдонæн.

Эсперанто у нейтралон, æндæр æвзæгты бартæ нæ халы. Æцæгæлон национ æвзаг зын сахуыр кæнын зын у, эсперанто та нæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, дунейы адæмтæм эсперантойы раз æмхуызон уавæртæ ис.

Фыссынад ивын

Эсперантойы алфавиты ис 28 дамгъæйы:

a b c ĉ d e f g ĝ h ĥ i j ĵ k l m n o p r s ŝ t u ŭ v z

Алы дамгъæ каст у, Æхсæнадæмон фонетикон алфавит куыд амоны, мæнæ ацы дамгъæты йеддæмæ:

Фыссынц c ĉ ĝ ĥ ĵ ŝ ŭ
Кæсынц [ts] [tʃ] [dʒ] [x] [ʒ] [ʃ] [u̯]

Цалдæр фразæйы эсперантойыл ивын

Ирон æвзаг Эсперанто IPA
Салам Saluton [sa.ˈlu.ton]
О Jes [ˈjes]
Нæ Ne [ˈne]
(Дæ/Уæ) райсом хорз Bonan matenon [ˈbo.nan ma.ˈte.non]
(Дæ/Уæ) изæр хорз Bonan vesperon [ˈbo.nan ves.ˈpe.ron]
Фенынмæ Ĝis revido [dʒis re.ˈvi.do]
Дæ ном цы хуыйны? Kiel vi nomiĝas? [ˈki.el vi no.ˈmi.dʒas]
Мæ ном у ... Mi nomiĝas ... [mi no.ˈmi.dʒas]
Куыд у? Kiel vi fartas? [ˈki.el vi ˈfar.tas]
Эсперантойыл дзурыс? Ĉu vi parolas Esperanton? [ˈtʃu vi pa.ˈro.las es.pe.ˈran.ton]
Не ’мбарын дæ Mi ne komprenas vin [mi ˈne kom.ˈpre.nas vin]
Хорз Bone [ˈbo.ne]
Æцæг Ĝuste [ˈdʒus.te]
Бузныг Dankon [ˈdan.kon]
Дæ хорзæхæй Bonvolu [bon.ˈvo.lu]
Æнæниз у! Sanon! [ˈsa.non]
Æз уарзын дæу Mi amas vin [mi ˈa.mas vin]
Ай цы у? Kio estas tio? [ˈki.o ˈes.tas ˈti.o]
Уый куыдз у. Tio estas hundo [ˈti.o ˈes.tas ˈhun.do]

Æддаг æрмæг ивын

 
Википеди

Википедийы ис хайад
эсперантойыл