Masarang
Фонд Masarang (индон. Yayasan Masarang) у æнæкоммерцион организациты æхсæнадæмон къорд, конд æрцыдис социлон æмæ экологин фарстатæ лыг кæнынмæ социалон амалхъомады принципты бындурыл.[1][2].
Masarang | |
---|---|
Тип | æнæкоммерцион организациты æхсæнадæмон къорд |
Бындур æвæрыны аз | 2001 |
Бындурæвæрджытæ | Вилли Смитс (нидерл. Willie Smits) |
Цы ран и | Индонези, Нидерландтæ, Гонконг |
Ключевые фигуры | Вилли Смитс (нидерл. Willie Smits), Стивен Смит (нидерл. Steven Smit) |
Слоган |
«Адæм, планетæ, æфтиаг» (англ. People, Planet, Profit) |
Веб-сайт | masarang.nl |
Организаци
ивынФонды бындур чи сæвæрдта у нидерландаг микробиолог, эколог æмæ цæрæгойты бартæ хъахъхъæнæг Вилли Смитс (нидерл. Willie Smits)[1][2].
Къорды фыццаг организаци регистрацигонд æрцыдис Индонезийы 2001-æм азы[1], сакъадах Сулавесийы цæгаты. Фæстæдæр фæзындысты нидерландаг хайад (2010-æм азы) æмæ та Гонконгы хайад (англ. Masarang HK Society Limited, 2011)[2].
Организацийы нысан у алыварс ардз хъахъхъæнын æмæ бынæттон цæрджыты бартæ æмæ гæнæнтæ фæуæрæх кæнын[1][2].
2015-æм азы барæггæнæнтæм гæсгæ фонды хъæппæрисæй ныссагътой милуан бæласæй фылдæр Сулавесийы цæгаты. Уымæй фæфылдæр уарынтæ, фæхуыздæр сты хъæууон хæдзарады æууæлтæ, фæзындысты ног кусæн бынæттæ.[1].
Пальмон сæкæры завод Масаранг
ивынОрганизацийы сæйрагдæр проект сси Пальмон сæкæры завод Масаранг (англ. The Masarang Palm Sugar Factory)[1][3][4][5]. Заводы цæуы сæкæры пальмæйы (лат. Arenga pinnata) раконд. Ахæм пальмæтæ фæсæдзынц хъæдтæ сног кæныны мадзæлты рæстæг. Ахæм пальмæйæ исынц адджынгæнæн æмæ биоартаг.[1][3]
Заводы архайд у фонды æфтиаджы сæйрагдæр равзæрæн. Куыстуат архайы экологион принциптыл, пальмæйы дон хъарм кæны хæстæг электростанцæ цы пар кæны, уымæй[1][3]. Уый фæкъаддæр кодта хъæд цæгъдыны практикæ, уый тыххæй æмæ традицион раконды пайда кодтой сугæй[6][1]. Куыд фехъусын кæнынц, афтæ завод дæтты куыст 6 мин фермерты мыггæгтæй фылдæрæн æмæ цæгъдынæй хъахъхъæны 200 мин кв. м. хъæд.[6].
Пальмæйы сæкæры завод байгом кодта Индонезийы президент Сусило Бамбанг Юдойоно[7].
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ 1,0 1,1 1,2 1,3 1,4 1,5 1,6 1,7 1,8 Chad Lipton. The Value of Sugar Palm in Indonesia(англ.). National Geographic (18 March 2015). Датæ: 2015-æм азы 1 майы.
- ↑ 2,0 2,1 2,2 2,3 Masarang Internatiol Foundation (annual report)(англ.). Masarang Internatiol Foundation (2011). Датæ: 2015-æм азы 1 майы.
- ↑ 3,0 3,1 3,2 Kafil Yamin. INDONESIA: PALM SUGAR OFFERS SWEET HOPE FOR A FAR-FLUNG ISLE(англ.). tmcnet.com (30 January 2006). Датæ: 2015-æм азы 1 майы.
- ↑ Kafil Yamin. INDONESIA: Palm Sugar Can Sweeten Economy and Environment(англ.). IPS (30 January 2006). Датæ: 2015-æм азы 1 майы.
- ↑ Tapping the Left o ver Steam from Geothermal Power Plant for Environment and Sugar Palm Farmers in Tomohon and Its Surroundings(англ.) (25 April 2015). Датæ: 2015-æм азы 1 майы.
- ↑ 6,0 6,1 Programme three: World Challenge 2007 profiles two further initiatives in this year's global competition(англ.). BBC (18 October 2007). Датæ: 2015-æм азы 1 майы.
- ↑ Presiden SBY Resmikan Pabrik Gula Aren Masarang(англ.). tomohononline.com (14 January 2007). Датæ: 2015-æм азы 1 майы.
Æрвитæнтæ
ивын- Официалон сайттæ:
- Гонконг: masarang.hk.
- Индонези: masarang.or.id.
- Нидерландтæ: masarang.nl.