Sun Cruise Resort & Yacht — уазæгдон сахар Чондончжины (англ. Jeongdongjin), Республикæ Корейы.

У тематикон отель круизон науы стилы, фæлæ æрбынат кодта сурзæххы. Йæ дæргъад у 165 метры (541 футы), бæрзондад 45 метры (148 футы), нымад цæуы ахæм хуызтæй фыццагыл [1].

Амад у къæдзæхы сæрыл æмæ уый тыххæй уæлвонг у денджызы уæлхъус. Афтæмæй туристтæм кæсы цыма нау ныссагъди тæнæг ран. Ацы уазагдоны комплекс самайгæйæ (кæцы ссис фенинаг), Чондочжин райста фылдæр популярондзинад Корейы ’хсæн æмæ æгас дунейы дæр.

Отелы ис 211 номыры, уыйхыгъд апартаменттæ; ис дзы æхсæз рестораны, кæцыты хорз уынынц корейаг æмæ европæйаг хæринагæй, æмæ уыдон дарддæр уæлхæдзары зилгæ бар, кæцыйæ гом у горизонтмæ панорамон уынд. Спортивон агъуысттæй нымайæн ис гольфы быдыр, волейболон фæзыг æмæ фитнес-клуб. Уыййеддæмæ — караоке-бар æмæ бассейн денджыздонимæ. Отелы цур æрбынат кодта ландшафтон дыргъдонимæ парк, цад æмæ фæлгасæн фæзыг рухсдзыд пъолимæ.

Уыйхуызæн тематикон отель «Титаник» гом у Турчы (Анталийы) 2003-æм азы [2].

Фиппаинæгтæ

ивын

Æрвитæнтæ

ивын