Æмткæй мидæг продукт
(ÆМП-æй æрвыст)
Æмткæй мидæг продукт (ÆМП; уырыс. валовой внутренний продукт; англ. gross domestic product) — макроэкономикон æвдисæн, кæцы амоны алы кæронуагъд товарты æмæ къухавæрдты (ома, æвæрцы спайда кæнынмæ нысангонд) уæйдонон аргъ иу афæдзмæ, экономикæйы алы къабазы фæлхаскæнынмæ уагъд, экспортмæ æмæ бамбырд кæнынмæ, паддзахады территорийыл конд (чи цы нацимæ хауы, кæнæ цы кондады фактортæй пайда кæны, уый нæ нымайгæйæ). Фыццаг хатт ацы æмбарынад бахъарын кодта Саймон Кузнец 1934 азы.
Хицæн кæнынц номиналон æмæ реалон ÆМП. Номиналон ÆМП у æвдыст рард азы цæугæ æргъты. Реалон та (инфляци нымайгæ) — фароны, кæнæ æндæр искæцы равзаргæ азы æргъты.
- Реалон ÆМП-ы хынцæуы, цæй бæрцæн сбæрæг вæййы ÆМП-йы рæзт, йæ æргъты рæзт нæ, фæлæ кондады реалон рæзт нымайгæйæ.
- Номиналон ÆМП-ы ахаст реалонмæ, хуындæуы ÆМП-ы дефлæтор.
- Фактон ÆМП у æнæххæст куыстифтонгады ÆМП, кæцы æвдисы экономикæйы реализацигонд фæрæзтæ.
- Потенциалон ÆМП у æххæст куыстифтонгады ÆМП æмæ ’вдисы экономикæйы потенциалон фæрæзтæ. Фæстæгты бон у реалон фæрæзтæй бирæ фылдæр уæвын. Фактон æмæ потенциалон ÆМП-ы ’хсæн уæлдай хуындæуы ÆМП-ы аскъуыд.