Æвзаджы хъахъхъæды къæпхæнтæ

Æвзаджы хъахъхъæды (æнæфыдбылызы) къæпхæнтæ (уырыс. Степени сохранности языков; англ. Levels of endangerment), зæгъгæ, афтæ хуындæуы, æвзæгтæ цы уавæры сты, уый бæрæг кæнынæн ЮНЕСКО цы шкала рæгъмæ рахаста, уый. Уыцы шкалайæ ма спайда чындæуыдис, ЮНЕСКО кæй рауагъта, уыцы Æвзæгты сырх чиныджы.

ЮНЕСКО æвзæгтæ дих кæны фараст критеримæ гæсгæ. Уыдонæй ахсджиагдæртæ сты:

  • æвзаг цал адæймаджы зонынц;
  • фæлтæрæй фæлтæрмæ куыд лæвæрд цæуы;
  • ахуыргæнæн æрмæгæй цасы бон у;
  • æвзагмæ æхсæнад цы цæстæй кæсы.

Дарддæр æвзаг дих чындæуы æхсæз къордыл:

1. «Æвзаг фесæфти» (extinct; вымершие языки). Ацы къордмæ хаст цæуы, иу дзурæг дæр кæуыл нæй, ахæм æвзæгтæ; зæгъæм, полабаг, хуссар манси, убыхаг, словинаг, пруссаг, готаг, далмациаг, керекаг.

Ацы къорды æвзæгтæ нæй хæццæгæнæн рагон мард æвзæгтимæ. Рагон мард æвзæгтыл нымад сты ахæмтæ:

  • 1500-æм азæй (дзырдгонд датæ) размæ чи сыскъуыдис;
  • кæддæр мадæлон кæмæн уыдысты, фæлæ ныртæккæ æнæуый кæмæй пайдагонд цæуы (зæгъæм, латинаг);
  • чиныджы æвзæгтæ (уыцы æвзæгтыл фыст тексттæй ныр дæр пайдагонд цæуы);
  • сæндидзын кæй кодтой, ахæм цалдæр æвзаджы (корнаг, мэнаг, иврит); уыдон сты хицæн цаутæ.

1а. «Гæнæн ис æмæ фесæфтис» (possibly extinct; возможно вымершие языки) — ацы æвзæгтæ хæстæг ивгъуыды æнæмæнг цардæгас уыдысты, фæлæ сæ ныртæккæйы уавæры тыххæй бæлвырд информаци нæй. Зæгъæм, ахæмтæм бахæссæн ис ныгуылæн манси, кападокиаг, ферган-кыпчакаг æвзæгтæ, стæй уйгураг æвзаджы хотойнаг этнолект.

2. «Æвзаг ис критикон уавæры» (nearly extinct; почти вымершие, на грани вымирания) — ахæмтыл дзурынц æрмæст цалдæр дæс адæймаджы (иуæй-иутыл та цалдæр сæдæйы), фæлæ се ’ппæт сты ацæргæ адæймæгтæ. Сæ амæлæт нысан кæндзæн æвзаджы сæфт. Дæнцæгтæ: водаг (уырыс. водский), орокаг, маньчжураг.

3. «Æвзаг бахаудис тынг тæссаг уавæры» (seriously endangered; исчезающие языки) — дзурджыты нымæц у цалдæр сæдæйæ цалдæр дæс мины онг, фæлæ сыл, зæгъæн ис, æмæ сывæллон дзурджытæ нæй, кæнæ уыдоны нымæц у хæрз чысыл. Дæнцæгтæ: ижораг, вепсаг, нивхаг, бретойнаг, идиш, кашубаг.

4. «Сæфынæй йын тас у» (endangered; неблагополучные языки) — кæстæр фæлтæры иу хай дзурынц уыцы æвзагыл, фæлæ сæ нымæц кæны къаддæрæй-къаддæр. Ахæм æвзæгтыл дзурджыты нымæц вæййы æндæр æмæ æндæр: кæм цалдæр мины, кæм милуан æмæ фылдæр. Дæнцæгтæ: абазаг, неннаг, карелаг, коми, ирландиаг.

5. «Тæссаг уавæры ис» (potentially endangered; нестабильные языки) — ахæм æвзæгтæй пайда кæнынц куыд хистæр, афтæ кæстæр фæлтæр дæр, фæлæ йын нæй официалон кæнæ æндæр статус, стæй йын нæй бæрзонд престиж, кæнæ йыл чи дзуры, уыцы адæмы территори хæрз чысыл у (цалдæр хъæуы), æмæ исты бæллæхы фыдæй (хохæй зæйласт, донивылд, хæст), гæнæн ис, æмæ фесæфа. Дæнцæгтæ: ирон, цæцæйнаг, чукотаг æвзæгтæ.

6. «Тас ын ницæмæй у» (not endangered; благополучные языки) — уырыссаг, китайаг, францаг, немыцаг, испайнаг æмæ æндæртæ.

Кæй зæгъын æй хъæуы, æвзагыл дзурджыты абсолютон нымæц уыйбæрц ахсджиаг нæу: гинухаг æвзагыл дзуры 548 адæймаджы, фæлæ уый хаст æрцыдис 5-æм къордмæ, идишыл та Уæрæсейы дзурынц 30 мин адæймаджы, фæлæ уый нымад у, тынг тæссаг уавæры чи ис, уыцы æвзагыл (3-æм къорд). Бирæ ахсджиагдæр у, фæлтæрæй фæлтæрмæ куыд лæвæрд цæуы, уый.

Æвзаджы цардхъомæн аргъ кæнгæйæ, нымадæуы, паддзахад æмæ йæм æхсæнад йæхæдæг цы цæстæй кæсынц, уый дæр. Паддзахад ын кæнæ æххуыс кæны, кæнæ йæ рохуаты ныууадзы; йæ ахуыр кæнынæн ахъаз у кæнæ та нæу; йæ бон у, æмæ йæ ассимиляцийы ’рдæм здаха, тыхмийы фæрцы архайа уыцы хъуыддагыл, йе та чысыл адæмты æвзæгтæй пайда кæнын æппындæр ма уадза.

Кæс ноджы

ивын