ÆрæфитæНарты симды нæмттæй иу — ногбонты дзыллон дыууæддæгуæлæ кафт.

Кафыдысты йæ Ногбон æхсæв æртыты алыварс. Кафты архайдтой æрмæстдæр 30-45 аздзыд хъаруджын, цæрдæг æмæ арæхстджын нæлгоймæгтæ. Кафгæ-кафын кодтой заргæ дæр. Æддæгуæлæ кæфтыты архайын стыр кадыл нымад уыдис. Гуырысхойаг нæу, рагзаманты ритуалон равдыстан бæлвырд сакралон функцитимæ кæй уыдис, уый. XIX æнусы 1870-æм азты цæрджытæй ма чидæртæ кæнынц Æрæфитæйы æртæддæгуæлæ варианты кой дæр.

Литературæ ивын

  • Этнография и мифология осетин. Дзадзиев А.Б., Дзуцев Х.В., Караев С.М. Краткий словарь. – Владикавказ, 1994 – 284 с.