Æстдæссион саг
Æстдæссион саг - мифологион æстдæссыкъаджын саг. Æстдæссион, йæ дыууæ сыкъайы, бæласы къалиутау, фæйнæрдæм æстдæс къабазы кæмæн ауадзынц, ахæм саг.
Саг ирон мифологийы
ивынИрон адæмон сфæлдыстады хъæддаг сырдтæй уæлдай уарзондæр, хæлардæр, лæгъздæр, рæвдаугæдæр ныхæстæй фæдзурынц саджы тыххæй. Рæвдз, хъуыддаджы адæймагæй дæр фæзæгъынц, саглæг у, зæгъгæ, æлвæст (лæппуйæ та – сагартæн). Фæлæ таурæгъгæнджытæ се 'ргом тынгдæр здæхтой сагæн йæ сæрмæ. Хуыдтой йæ сæрджын саг, æстдæссион (æстдæссыкъаджын) саг.
Æстдæссион саг ирон мифологийы
ивынÆстдæссион саг арæх æмбæлы ирон адæмон сфæлдыстады, уæлдайдæр та Нарты кадджыты. Кадæг «Сослан мæрдты бæсты»-йы кæсæм:
Бирæ фæхаттæн, фæлæ мыл ахæм æмбисонд никуыма сæмбæлд, – загъта Уырызмæг. – Ацы бон хъамылы уыдтæн цуаны. Кæсын, æмæ иу ран хуры тынтæ ныккастысты æстдæссион сагмæ |
Саг, уæлдайдæр та æстдæссион саг, нæ рагфыдæлтæм дæр кадджын кæй уыд, уымæн æвдисæн у ацы къамы саджы фæлгонц, нæ азнымады размæ VI æнусы йæ сыгъдæг сыгъзæринæй скодта скифаг æрмдæсны. Ахуыргæндтæ йæ хонгæ дæр кæнынц Сыгъзæрин саг. Ссардтой йæ Кубаны зæххыл Костромайы обауы. 2600 азы бæрц ыл цæуы, фæлæ йæ хуыз нæ аивта, тæмæнтæ калы. Йæ кæнæг дзы æвдисы саджы сонт, рæвдз фезмæлд, уды хъару, тæрæмондзинад. Йе 'ргом здахы йæ фæлгонцмæ, уæлдайдæр та – йæ æстдæс сыкъайы æвæрдмæ. У агæпп кæнынæввонг.
Литературæ
ивын- Арвы дуар. Ирон мифологи æмæ цардыуаджы дзырдуат. Чиныг сарæзта Цгъойты Хазби. – Дзæуджыхъæу, «ИР», 2005 – 232 с.