Æхсæнадон фæлтæр (уырыс. сословие) – хонынц ахæм æхсæнадон къордтæ, кæдон кæрæдзийæ хицæн кæнынц, традицион æхсæнады сын хуымæтæг барад (æгъдæуттæ) цы бартæ æмæ хæстæ ныффидар кодтой, уыдонæй.

Фæлтæртæ æвдисынц æхсæнады дих иерархион системæтыл; уыцы системæтæм цы фæлтæртæ хауынц, уыдон кæрæдзийæ хицæн кæнынц сæ равзæрдмæ (мифологион кæнæ легендарон), се ’хсæнадон уавæрмæ æмæ сæ привилегитæм (уæлдай барлæвæрдтæм) гæсгæ. Ирон традицион æхсæнады бæрæг дардтой уæлдæр æвæрд æхсæнадон фæлтæртæ – бадилатæ, æлдæрттæ, цæргæсатæ, гагуатæ, уæзданлæгтæ æмæ дæлдæр æхсæнадон фæлтæртæ – адæмы хæттытæ, фæрссаг лæгтæ, хехестæ, хизантæ, кæвдæсардтæ, хъумайæгтæ æма цагъартæ.

Кæс ноджы

ивын

Литературæ

ивын
  • Этнография и мифология осетин. Дзадзиев А.Б., Дзуцев Х.В., Караев С.М. Краткий словарь. – Владикавказ, 1994 – 284 с.