Æхсæны лæгтæ — (раст лæгтæ, хуыздæр лæгтæ) – ахæм номæй хуыдтой, тæрхонон хъуыддæгтæм-иу тæрхоны рæстæг йæ цæст чи дардта, уыцы лæгты.

Алы тæрхоны хъуыддаджы тыххæй дæр æвзæрстой иу – дыууæ, уæлдай вазыгджындæр хъуыддæгты рæстæг та фылдæр æхсæны лæгтæ. Æвзæрстой сæ, тæрхоны лæгты куысты фæлтæрддзинад кæмæ уыдис æмæ ирон хуымæтæг барады нормæтæ хорз чи зыдта, хъæубæстæ кад æмæ цыт кæмæн кодтой, уыцы ас æмæ зæронд нæлгоймæгты æхсæнæй.

Литературæ

ивын
  • Этнография и мифология осетин. Дзадзиев А.Б., Дзуцев Х.В., Караев С.М. Краткий словарь. – Владикавказ, 1994 – 284 с.