ÆхсарÆртæ Нартæй иу – æхсарджын æмæ зонынджын мыггаг Æхсæртæггатæй, Уæрхæджы фырт, Æхсæртæджы халдих фаззон, йæ кæстæр.

Æхсар
Æрд нæлгоймаг
Фыд Уæрхæг
Мад Сайнæгон
Æфсымæр Æхсæртæг

Æхсар Нарты кадджытæм гæсгæ ивын

Æхсар райгуырдис фыццаг кæркуасæны, Æхсæртæг та — дыккаг кæркуасæны, Бонвæрноны скастмæ. Уæрхæг йæ лæппуты райгуырды боны фарнæн скодта нæртон куывд сырды фыдæй. Æрхуыдта уæларвæй Куырдалæгоны, фурдæй — Донбеттыры, Нартæй та — Борæйы æмæ æндæрты. Дыууæ фаззоныл буц нæмттæ сæвæрдта уæларв Куырдалæгон. Æхсар æмæ Æхсæртæг та сыл уымæн сæвæрдта, æмæ Æхсар, хистæр æфсымæр, уыд æхсарджын, Æхсæртæг та, кæстæр æфсымæр — Æхсарæй æхсарджындæр. Номæвæрæджы лæварæн Куырдалæгон радта Уæрхæгæн удæвдз йæ куырдадзы фæтыгæй, болат æндонæй арæзт. Уайтагъд айрæзтысты Æхсар æмæ Æхсæртæг: бон рæзтысты уылынг, æхсæв та – уыдисн. Сарæзтой сæхицæн фаттæ æмæ æрдынтæ æмæ арвыл маргъ тæхын нæ уагътой — æрмийæ-иу æй æрæппæрстой. Айхъуыст дунейыл, зæгъгæ, Нарты Уæрхæгæн рахъомыл хъæбатыр фырттæ.

Уыдон-иу æхсæв Нарты цæхæрадоны иумæ хъахъхъæдтой æвæджиау фæткъуы бæласы иунæг сыгъзæрин фæткъуы, адæмæн æлутон хос чи уыд æмæ бахъахъхъæнын кæй нæ фæрæзтой, уый. Æфсымæртæ йæ хъахъхъæнгæ та хъуамæ кодтаиккой радыгай. Æмбисæхсæвмæ — Æхсæртæг, уырдыгæй бонмæ — Æхсар. Æхсæвæр куы бахордтой, уæд ын Æхсæртæг загъта:

 

Æрхуысс уал, Æхсар, радыгай хъахъхъæнæм — æмбисæхсæвмæ ды бафынæй кæн, уырдыгæй бонмæ та – æз.

 

Æхсар сразы ис æмæ æрхуыссыд. Æмбисæхсæв фехъал ис æмæ дзуры Æхсæртæгмæ;

 

Хуыцау мын æй ныббарæд — æгæр афынæй дæн».

 

Фæлæ йæ Æхсæртæг сыстын нæ бауагъта — фæтæригъæд кодта йæ хуыссæгхъæлдзæг æфсымæрæн æмæ хуыснæг æртæ æхсинæджы уый федта, уый сæ фехста фатæй. Стæй цæф маргъы фæдыл цæуын дæр уый сфæнд кодта, йæ туджы æртæхтимæ зæлдаг кæлмæрзæны. Æхсар дæр йæмæ араст ис. Фæлæ денджызы был фæхицæн вæййынц æмæ ам æвæстагæй йæ мæлæт æрцæуы йе ’фсымæры къухæй, Æхсæртæг ыл йæ ус Донбеттырты чызг Дзерассæйы бафхæрынæй кæй фæдызæрдыг, уый фыдæй. Афтæмæй та Æхсар уыд уæздан æмæ æгъдауыл хæст. Дзерассæимæ-йæ чындзимæ иумæ мусонджы æхсæвы куы баззадысты, уæд æм йе ’ргом нæ лæвæрдта, кæд æй уый Æхсæртæг æнхъæл уыд, уæддæр. «Хуыссын афон куы æрцыд, уæд Æхсар йæ нымæт Дзерассæйы бын бакодта, Æхсæртæджы нымæт та сæ уæлæ ныккодта æмæ цæмæй кæрæдзимæ хæстæг нæ уыдаиккой, уый тыххæй йæ кард фелвæста æмæ йæ сæ дыууæйы астæу нывæрдта», — зæгъы кадæг.

Литературæ ивын

  • Арвы дуар. Ирон мифологи æмæ цардыуаджы дзырдуат. Чиныг сарæзта Цгъойты Хазби. – Дзæуджыхъæу, «ИР», 2005 – 232 с.