ÆхсæртæггатæНарты сæйрагдæр мыггæгтæй иу, йæ сæйрагдæр миниуджытæ сты лæгдзинад æмæ хъару. Æхсæртæггаты мыггаг райдыдта Уæрхæджы фырт Æхсæртæг æмæ Сайнæгонæй, Æхсæртæджы байзæддæгтæ: Уырызмæг, Хæмыц, Сослан, Батырадз, Сатана. Æхсæртæггатæ фылдæр сты хæстон адæм, тыхгæнæг сын тых нæ ары, ничи сыл уæлахиз кæны. Ныфсхаст, хъаруджын æмæ зондджын. Батрадз та у тынг ныфсхаст æмæ уæндон. Зæдтæ æмæ дзы дауджытæ дæр тæрсгæ кæнынц, Хуыцауимæ дæр кæны быцæу. Нарты кадджыты зынгæдæр хай æвдисы ацы хъайтарты сгуыхтдзинæдтæ.

Литературæ ивын

  • АРВЫ ДУАР. Ирон мифологи æмæ цардыуаджы дзырдуат. Чиныг сарæзта Цгъойты Хазби. – Дзæуджыхъæу, «ИР», 2005 – 232 с.
  • Этнография и мифология осетин. Дзадзиев А.Б., Дзуцев Х.В., Караев С.М. Краткий словарь. – Владикавказ, 1994 – 284 с. (БИЛИНГВА)