Абайты Хъырымы фырт Бекызæ (райгуырдис 1916-æм азы Сыбайыхъæуы — амардис 1943-æм азы) уыдис ирон поэт.

Цардафыст ивын

Абайты Бекызæ райгуырдис Хуссар Ирыстоны Сыбайыхъæуы зæхкусæджы хæдзары. 1920-æм азы йæ ныййарджытæ ралыгъдысты Цæгат Ирыстонмæ æмæ æрцардысты Ногиры. Ам лæппу бакастис авдазон скъолайы. Уый фæстæ афтыдис Тырсыгоммæ æмæ куыста ахуыргæнæгæй Окрохъанайы райдайæн скъолайы. Уыциу рæстæг фæсаууонмæ ахуыр кодта Калачы педагогон скъолайы.

1939-æм азы Бекызæйы акодтой Сырх Æфсадмæ. 1943-æм азы æнæбæрæгæй фесæфтис хæсты быдыры.[1]

Бекызæйы æмдзæвгæ ивын

Мæ рынчын зæрдæмæ
Нæуæгæй ныккастæн, —
Мæ риссаг зæрдæйы
Нæй фæндтæн кæрон.
Æз фесхъиудтон сонтау,
Цæмæйдæр фæтарстæн:
Сæ райхалын дарддæр
Куынæ суа мæ бон...
1940 азы 19 сентябрь

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Ирыстоны поэзи // Чиныг сарæзта æмæ цыбыр биографион зонæнтæ ныффыста Хъодзаты Æхсар. Дзæуджыхъæу, Издательство «Веста», 2012