Азербайджайнаг гæккуыри

Азербайджайнаг гæккуыри (лат. Darevskia raddei) — гыццыл гæккуыри, хауы къæдзæхы гæккуыритæм[1].

Азербайджайнаг гæккуыри
Азербайджайнаг гæккуыри
Зонадон классификаци
Паддзахад: Цæрæгойтæ
Тип: Хордæджынтæ
Кълас: Хилджытæ
Къорд: Хæрвæгонтæ
Бинонад: Æцæг гæккуыритæ
Мыггаг: Къæдзæхы гæккуыритæ
Хуыз: Азербайджайнаг гæккуыри
Латинаг ном
Darevskia raddei (Uzzell et Darevsky, 1973)
NCBI 122337

Æттаг бакаст ивын

Ахуырст ивын

Гæккуырийы буары дæргъ у 76 мм, йæ къæдзил дзы дыууæ хатт даргъдæр у. Йæ æфцæггот у чысыл цыргъгонд. Йæ сæр зынгæ фæтæн. Йæ гуыры хæрв у лæгъз æмæ рæстæмбис къуыппгонд. Йæ хъуыры астæуккаг хаххыл ис 20-æй 29-мæ хæрвы. Буары астæуы алыварс гæккуритæн ис 48-æй 62-йы бæрц хæрвы. Зæнджы уæллаг фарсы хæрв бæрцмæ гæсгæ чъылдымы хæрвæй фылдæр нæу.

Гæккуырийы буары уæллаг фарс у морæхуыз, змисхуыз кæна тарбур сау хуызмæ ’ввахс. Чъылдымы таг арæзт у бирæнымæцон тар тæппытæй, сæ фæтæн æнæхъæнæй у чъылдымы айас (хаттæй-хатт бакъорд вæййынц дыууæ параллелон рæгъы). Гæккуырийы буары быннаг фарс у урсгонд, арвхуыз кæнæ цъæхгонд хуыз. Нæлтæн бирæкæнынады рæстæджы сæ фæрстæ свæййынц копрадзхуыз кæнæ фиалкæхуыз.

Цардыуаг ивын

Хæлцад ивын

Гæккуриты хæлцадмæ хауынц: хъæндилтæ, хæлынбазырджынтæ, дыбазыронтæ, гæлæбутæ, æмæ ’ндæр сасчытæ, уымæй уæлдай ма хæлуарджытæ, бирæкъахонтæ, моллюсктæ ’мæ уаллæттæ.

Бирæкæнынад ивын

Гæккуыриты мадæлтæ айк æфтауын райдайынц июны æмбисы, хæхты аикфтауæн райдайы июлы æмбисы — августы райдайæны. Мадæлтæ ’фтауынц 2-5 айчы. Инкубацион период вæййы 55 боны. Лæппынтæ фæзынынц июлы кæроны-сентябры райдайæны. Сæ дæргъ вæййы 24-27 мм.

Ареал ивын

Азербайджайнаг гæккуырийæн арæх фембæлæн ис Чысыл Кавказы, Сомихы æмæ Азербайджаны хæххон территоритыл, цæрынц ма Къуары уæллаг кæлæны æмæ хуссар Гуырдзыстоны. Ацы гæккуырийы ма фенæн ис цæгат-скæсæны Турчы æмæ цæгат-скæсæны Ираны. Бирæ айнæджы гæккуриты хуызæн, ауыл дæр ис фембæлæн хæххон цæугæдæтты дурджын донбылтыл, ставд дурты цъæлтыл, хъæдты. Йæ цардуаты бæрзæндмæ гæсгæ, гæккуыри активон вæййы февралы кæроны кæнæ мартъийы райдайанæй сентябры кæнæ ноябры райдайæны онг.

Хуызы систематкæ ивын

Аразтæуы æртæ дæлхыхы формæйæ, уыдон æрбынат кодтой Фæскавказы:

  1. Lacerta raddei raddei Boettger, 1892 — Чысыл Кавказы æмæ Сомихы фæсхæхты рæгътæ, Азербайджаны хæххон рæгътæ.
  2. Lacerta raddei nairensis Darevsky, 1967 — централон æмæ скæсæны Сомих, Къуары цæугæдоны комы æмæм хуссар Гуырдзыстоны.

Фиппаинæгтæ ивын