Актёрты студи
Актёрты студи (англ. Actors Studio) у профессионалон актёртæ, театралон режиссёртæ æмæ драматургты организаци. Æрбынат кодта Нью-Йорчы сахары, мæнæ ацы адрисыл: 432 West 44th Street, Манхэттен. Йæ бындур æрæвæрдтой 1947-æм азы 5 октябры Элиа Казан, Шерил Кроуфорд, Роберт Льюис æмæ Аннæ Соколова. 1951-æм азы студийы сæргъы æрлæууыдис Ли Страсберг. Уый йын разамынд лæвæрдта суанг йæ амæлæтмæ 1982-æм азы.
Студи фыццагдæр зындгонд ссис, цы актёрон техникæйы методæй пайда кодта, уый руаджы. Уыцы метод æрхъуыды чындис 1930-æм азты æмæ йæ бындуры уыдис Станиславскийы системæ.
Райдианы студийы уæнгтæ æмбырд кодтой театр «Принцессæ»-йы, фæлæ 1955-æм азы уыдон хи айстой пресвитерон еклезийы раздæры бæстыхаймæ æмæ ныронг бынат кæнынц ам. 1965-æм азы студи Ныгуылæн Голливуды (Калифорни) байгом кодта йæ иунæг филиал — Ныгуылæйнаг актерты студи.
1994–2005-æм азты студи кодта æмгуыст Ног скъолайы университетимæ (Нью-Йорк).
Студийы хъуыстгонд рауагъдонтæ
ивынЙæ бирæазон историйы дæргъы студийы бацархайдтой бирæ номдзыд адæймæгтæ — актёртæ, режиссёртæ, сценаристтæ:
Æрвитæнтæ
ивын- Актерты студийы официалон сайт
- телералæвæрд «Актёрты студийы мидæг» Архивгонд æрцыдис 18 апрелы 2003 азы.