Аланды сакъадæхтæ

Аланды сакъадæхтæ (Аландтæ) (швед. Åland, фин. Ahvenanmaa) сты Балты денджызы архипелаг, 1921 азæй у Финляндийы автономон провинци. Аландты сæйраг сахар у Мариехамн (Маарианхаминæ).

Аланды сакъадæхтæ
Åland
Тырыса Герб
Тырыса Герб
Aland in its region.svg
Гимн: «Ålänningens sång»
Хæдбар сси 1920 (автономи)
Æвзаг шведаг
Сæйраг сахар Мариехамн
Стырдæр сахартæ Мариехамн
Хицауиуæджы хуыз Финляндийы автономон провинци
Губернатор
Премьер-министр
Петер Линдбэк
Вивека Эрикссон
Фæзуат 13 517 км²
Доны процент 89
Цæрджытæ
• Бахыгъд (2013)
Æнгомад

28 666 ад.
18,1 ад./км²
Валютæ евро (шведаг кронæ дæр)
Интернет-домен .ax
Телефонон код +358 18
Сахатон таг +2...+3

Сакъадæхтыл цæрынц 26 мины адæймаджы, уыдонæй 10,7 мины — сæйраг сахар Маарианхаминæйы. 6 мины сакъадахы сты æдзæрæг, цæрджытæ ис æрмæст 60 сакъадахыл.

Автономийы официалон æвзаг у шведаг.

Аланды сакъадæхтæ сæ статус райстой 1921-æм азы, Финлянди æмæ Швецийы ’хсæн кризис куы уыди, уæд. Уый фæстæ Аландтæ сты автономон бæстæ, ис сæм сæхи интернет-домен (.ax), сæхи посты маркæтæ, сæ лæппуты Финляндийы æфсадмæ нæ хонынц. Сæ статусмæ гæсгæ Аландтæ сты æнæфсад, никæй æфсæддонтæ дзы ис.

ТранспортИвын

Кæд Аландтæ сакъадахон территори сты, уыдонæн тынг хорз бастдзинад ис Швецийы сæйраг сахар Стокгольм æмæ Туркуимæ (Финляндийы стырдæр сахартæй иу). Алы бон дæр цалдæр егъау быраны Маарианхаминæйы портмæ бацæуынц.