Сæйраг сахар (сæйраг горæт, столицæ) у, бæстæ кæнæ регионы хицæуад кæм бады, ахæм сахар. Иуæй-иу хатт «сæйраг сахар» фæхонынц исты къабазы раззагдæр чи сси, ахæм сахар — зæгъæм «культурæйы сæйраг сахар», «спорты сæйраг сахар» æмæ афтæ дарддæр.

Уæрæсейы Федерацийы сæйраг сахар у Мæскуы. Республикæ Цæгат Ирыстон — Аланийы сæйраг сахар та у Дзæуджыхъæу.