Алани (национ парк)

Национ парк «Алани» у Цæгат Ирыстоны национ парк. Ис Æрæфы районы. Æдæппæт йæ фæзуат ахсы 549,26 км². Æрдз хъахъхъæныны куыстæй уæлдай ма ахуыргæндтæ ам иртасынц археологон æмæ историон цыртдзæвæнтæ.

Национ парк «Алани»

Национ парк «Алани»-йы территори райдайы Мæцутæйæ, хæццæ кæны Зджыды æфцæгмæ, Гуырдзыстоны æмæ Кæсæг-Балхъар арæнтæм. Парчы зæххытæ сты денджызы æмвæзадæй 1350–1646 м уæлдæр. Национ парчы хуссайраг хай ахсынц Æрæфы бассейны хæхтæ.

Национ парк «Алани»-йы зæхх у тынг хъæздыг. Æрмæст хосгæнæн зайæгойтæ дзы ис 50 хуызы[1]. Ардæм чи ’рбацæуы, уыдоны уæлдай тынгдæр дисы бафтауынц уæлхох уыгæрдæнтæ, хæххон хъæдтæ, cыгъдæг уæлдæф æмæ фынккалгæ цæугæдæттæ.

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Особо охраняемые природные территории России. Датæ: 2009-æм азы 21 майы. Архив 2012-æм азы 11 майы.