Аларды, дыгур. Алаурдиирон адæммæ фадынæг æмæ цæстыты низы бардуаг. Алардыйы бæрæгбоны размæ иу куывтой Рыны бардуагмæ цæмæй сæ бахъахъхъæна рынæй. Раздæр Рыны бардуаг уыдис ахъаззагдæртæй иу, фæлæ Алардыйы бардуаг у ноджы карздæр.

Рын æмæ цæстыты низ уæлдай æмхицдæр уыдысты сылгоймæгтæм æмæ сывæллæттæм.

Ирыстоны зæххыл йæ номыл ис бира кувæндæттæ. Фæхъыг æй кодтай — дæ сывæллæтты æмæ дæхи хъахъхъæн. Адæм куывтой тæрсгæ-ризгæйæ, сæ сывæллæтты фæдзæхстой.

Сæрмагондæй иу уыди Алардыйы хуымтæ. Уырдыгæй иу цы хор æрæмбырд кодтой, уымæй арæзтой æхсæны куывдтæ. Бæрæгбоны иу ног чындзы ахуыдтой кувæндонмæ, бафæдзæхстой иу æй, цæмæй йын цы цот рацæуа, уыдон цæринаг уой.

Хуыдтой иу æй Сырх Аларды, Рухс Аларды, Сыгъзæринбазыр Аларды æ.а.д.

Нывонд йын кодтой урс уæрыкк. Куывтой иу: дардæй дæм кувдзыстæм, хæстæг нæм ма ’рбацу, куы ’рцæуай, уæд та хъæлдзæгæй — худгæйæ нæ куыд ныууадзай.

Ныртæккæйы рæстæджы Аларды у, адæм арæхдæр табу кæмæ кæнынц, уыцы дзуæрттæй иу.