Аласа
Аласа — чысыл уæвгæйæ тынг фæразон æмæ тыхджын чи у, ахæм бæхы мыггаг кадджыты æмæ таурæгъты. Зæгъæм, кадæг «Уырызмæджы æнæном лæппу»-йы Уырызмæджы номхæссæн бæх Æрфæнæй дæр йæ фырты Аласа-бæх разыны фидардæр æмæ фæразондæр, арф миты цæугæйæ, æмæ йæ Уырызмæг разæй ауадзы, абонæй фæстæмæ кæстæрæн разæй цæуын худинаг мауал уæд, зæгъгæ[1].
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Цгоев Х.Ф. Словарь осетинской мифологии и уклада жизни. — 2 издание, дополненное и исправленное — Владикавказ: СОИГСИ ВНЦ РАН, 2017. — 753 с.