Аластани (гуырдз. ალასტანი, сом. Ալաստան) у хъæу Гуырдзыстоны Ахалкалачы муниципалитеты.

Хъæу
Аластани
гуырдз. ალასტანი
41°32′49″ с. ш. 43°24′03″ в. д.HGЯO
Паддзахад Гуырдзыстон Гуырдзыстон
Регион Самцхе-Джавахети
Муниципалитет Ахалкалачы муниципалитет
Истори æмæ географи
Сахатон таг UTC+4:00
Цæрджытæ
Цæрджытæ 641[1] адæймаджы (2014)
Аластани (Гуырдзыстон)
Аластани (Самцхе-Джавахети)

Æрбынат и историон Джавахеты бæстæйæн йæ цæгат-ныгуылæн хайы, Ахалкалачы сахарæй 20 километры. Йæ хæстæгдæр цæрæнрæттæ сты Гокъио æмæ Варевани.

Национ скондмæ гæсгæ цæрынц дзы сомихæгтæ, кæцытæ 1829-1830 азты уырдæм рацыдысты Ныгуылæн Сомихыстоны (Осмайнаг империйы мидæг историон бæстæ) Эрзурумы облæстæй. Æппæтæй та 1829-1830 азты, архиепископ Карапет Багратунийы сидтмæ хъусгæйæ æмæ йæ сæрдариуаджы бын, 50 мин эрзурумаг сомихæгты (7298 бинонты) æрцардысты Ахалцихе, Ахалкалак, Богдановкæ, Цъалкъа, Лори-Памбак æмæ Шорагялы. 25 бинонты, 200 адæймагмæ ’ввæхс, æрцардысты нырыккон Аластанийы.

Йæ историмæ гæсгæ у Гуырдзыстоны рагондæр хъæутæй сæ иу. XIII-XIV æнусты уыцы ран уыдис галуын, гуырдзиаг æлдарты æмæ паддзæхты цæрæн бынат. Гуырдзиаг паддзах Георги IV хицауиуæг кодта уыцы хъæуы.

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. მოსახლეობის საყოველთაო აღწერა 2014. საქართველოს სტატისტიკის ეროვნული სამსახური (ნოემბერი 2014). Датæ: 26 ივლისი 2016.