Георги IV (Гуырдзыстоны паддзах)

Георги IV, зындгонд у куыд Лаша Гиорги дæр (гуырдз. ლაშა გიორგი) (райгуырдис 1191-æм азы, амардис 1223-æм азы), уыдис Гуырдзыстоны паддзах 1213 азæй 1223 азмæ.

Георги IV
гуырдз. გიორგი IV ლაშა
Райгуырдис 1191
Амардис 1223
Ныгæныны бынат
Мыггаг Багратионтæ[d]
Гуырæн ном гуырдз. გიორგი IV ლაშა
Фыд Сослан-Дауыт
Мад Тамар
Сывæллæттæ Давид VII Улу[d] æмæ Русудан Грузинская[d]
Дин Гуырдзыстоны растуырнæг еклези[d]
Къухæрфыст Изображение автографа
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Цардафыст ивын

Уыдис Паддзах-ус Тамар æмæ Сослан-Дауыты фырт. Йæ мадимæ æмхицауиуæг кæнын райдыдта 1207-æм азы. Гуырдзиаг азгайфыстытæм гæсгæ йæ фæсномыг Лаша "апсараг" æвзаджы нысан кæны "Дунейыл рухстауæг" (æмæ ныхас а-лаша æцæгæй дæр нысан кæны рухс абхазаг æвзаджы)[1]. Æлдариуæг кодта Джавахетийы бæстæйы, йæ сæрсахар уыдис Аластани, æмæ уый тыххæй зындгонд сси куыд "Джавхтупали", кæнæ та "Джавахæгты хицау" — ахæм ном фыст уыдис йæ бæстæйы кæй уагътой, уыцы згъæрæхцайыл.[2]

Георги IV Тамар-паддзахы политикæ дарддæр кодта, Гуырдзыстоны феодалон паддзахады тыхтæ сыстыр кæнынмæ бæллыд. Цалдæр пысылмон дæлбарты растадтæ ныппырх кодта, æмæ 1210 азты цæттæ кæнын байдыдта стыр балц Иерусалиммæ, дзуархæссджыты фæндзæм дзуары балцæн баххуыс кæнын йæ фæндыд. Фæлæ манголты бацыд йæ пълантæ фехæлдта. Фыццаг манголты балц 1221-1222 азты дыууæ гуырдзиаг æфсады ныппырх кодта æмæ мидæггаг Кавказы сæртыл ацыд. Уыцы хæсты гуырдзиагтæн стыр зиан æрцыд, бирæ хæстонтæ сын фæмард æмæ паддзах дæр цæфгонд æрцыд. Инвалид сси, æмæ амард Багаваны 31-аздзыдæй. Йæ бынтæ райста йæ хо Русудан.

Лаша Гиорги зындгонд уыдис куыд тынг сæрибархъуыды адæймаг æмæ цы феодалон консервативон æхсæнады цардис, уыдон йæ уый тыххæй нæ уарзтой. Уæздæттæн æмæ чырыстон сауджынтæн йæ ус сæ зæрдæмæ нæ фæцыд, æмæ йæ бон не сси йæ ус-паддзахæй сæвæрын. Уый уыд, уæздæттæ чи нæ уыдысты, ахæм хуымæтæг адæмы бинонтæй чызг. Паддзах компромисс скодта æмæ официалон æгъдауæй йемæ ахицæн кодта, фæлæ ног ус никуыуал æрхаста.

Цалдæр астæузаманы ратадзæнтæм гæсгæ уый уыд хъаруджын хæстонлæг æмæ куырыхон паддзах, иннæтæ та зæгъынц, æнæгъдау цардыуагыл хаст кæй уыд, æмæ мистицизм æмæ суфизм кæй уарзта, уый.

Йæ амæлæты фæстæ йын баззад фырт Давид, фидæны паддзах Давид VII Улу чи сси, уый. Фæлæ фыццагæй йæ бынтæ райста йæ хо Русудан, Давид æнæуаздæн сылгомагæй кæй райгуырдис, уый тыххæй. Георгийы та баныгæдтой Гелатийы моладзандоны.

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Hewitt, George, ed. (1998). The Abkhazians. A Handbook. St. Martin's Press. p. 44.
  2. Paghava, Irakli (2011). "ჯავახთ უფლის მონეტები—კომპლექსური ანალიზი" [The coins of Javakht'-Upali'. A complex analysis]. Saistorio Krebuli (in Georgian). Tbilisi. 1: 291–343.