Англисаг æвзаг
Англисаг æвзаг (English language) у гермайнаг æвзæгты ныгуылæн къорды англисаг-фризаг дæлкъордмæ чи хауы, ахæм æвзаг. Официалон у ахæм бæстæты: АИШ, Стыр Британи, Австрали, Ирланди æмæ бирæ æндæрты (кæс: Англофонтæ). 335 милуан адæймагæн у мадæлон æвзаг. Уыцы бæрæггæнæнмæ гæсгæ у дунейы æртыккæгæм — китайаг æмæ испайнаг æвзæгты фæстæ[1].
Англисаг æвзаг | |
---|---|
Хином | English |
Бæстæтæ | АИШ, Стыр Британи, Канадæ, Австрали, Ирланди, Хуссар Африкæйы Республикæ, Ног Зеланди, Сингапур, æндæр бæстæтæ. |
Официалон статус | 50 бæстæйы, уыдоны ’хсæн Канадæ, Австрали, Инди |
Дзурджыты нымæц | 309—380 милуан ад. |
Рейтинг | 3 |
Классификаци | |
Категори | Евразийы æвзæгтæ |
Фыссынад | латинаг алфавит |
Æвзаджы кодтæ | |
ISO 639-1 | en |
ISO 639-2 | eng |
ISO 639-3 | eng |
ГОСТ 7.75–97 | анг 45 |
WALS | eng |
Ethnologue | eng |
Linguasphere | 52-ABA |
ABS ASCL | 1201 æмæ 12 |
IETF | en |
Glottolog | stan1293 |
Википеди ацы æвзагыл |
Англисаг æвзаг у нырыккон дунейы глобалон лингва-франкæ, æппæт бæстæты кæй ахуыр кæнынц æмæ бирæ æхсæнадæмон организацитæн сæ официалон æвзаг чи у, ахæм.
Англисаг æвзаджы бындуры уыдис цалдæр диалекты, абон сæ иумæйаг ном у раганглисаг æвзаг, ууыл дзырдтой V æнусы нырыккон скæсæйнаг Англисы цæрæг знæмтæ — англæгтæ, сакстæ æмæ ютæгтæ.
Фæстæдæр Англисмæ бырсын райдыдтой викингтæ, æмæ уыдон дæр сæ скандинавиаг фæд ныууагътой англисаг æвзаджы.
1066-æм азы Францы цæгаты цæрæг нормантæ бабырстой Британийы сакъадахмæ æмæ æнтыстджынæй байстой Англис. Семæ фæсденджызæй æрбахастой, нырыккон францаг æвзагмæ чи у хæстæг, уыцы нормайнаг æвзаг. Уыцы æвзаджы тæвагæй англисаг æвзаг йæ ног дугмæ рацыд, кæцы хуыйны миданглисаг æвзаг.
Ныры англисаг æвзагæй райдиан азтыл нымад у XVI æнус. Уæд фæзындысты Уильям Шекспиры уацмыстæ æмæ къарол Яковы Библийы англисаг тæлмац.
Генетикон классификацимæ гæсгæ англисаг æвзагмæ хæстæгдæр сты шотландиаг (скотс) æмæ нидерландаг (голландиаг) æвзæгтæ, стæй фризаг æмæ африкаанс дæр.
Кæс статьятæ
ивынЛитературæ
ивын- Аракин В. Д. Сравнительная типология английского и русского языков. 3-е изд. – М.: ФИЗМАТЛИТ, 2005.
- Зеленецкий А. Л. Сравнительная типология основных европейских языков. – М.: Издательский центр «Академия», 2004.
- Худяков А. А. Теоретическая грамматика английского языка. – М.: Издательский центр «Академия», 2005.
- Crystal, David. English as a Global Language. Cambridge, Cambridge University Press, 1997.
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ www.listsofworld.com, <http://www.listsofworld.com/the-top-ten-most-spoken-languages.html>. Проверено 5 августы 2012. Архивгонд æрцыдис 17 июлы 2012 азы.