Андерсон, Аннæ
Анастасия Чайковская (æмкъайады Манахан), Аннæ Андерсон дæр (райгуырды бон бæрæг нæу, фæзиан 1984 азы 4 февралы Шарлоттсвиллы, штат Вирджини, АИШ), фæстаг Уæрæсейы император Николай II-ы чызг Анастасия йæхи чи хуыдта, уыцы цалдæр сылгоймæгтæй зынгонддæр.
Аннæ Андерсон | |
---|---|
| |
Гуырæн ном | пол. Franziska Schanzkowska |
Райгуырды датæ | 1896-æм азы 16 декабры[1] |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты датæ | 1984-æм азы 12 февралы[2] (87 азы) |
Мæлæты бынат | |
Бæстæ | |
Викикъæбицы медиа |
Иу версимæ гæсгæ Чайковская æцæгæй уыд польшæйаг Францискæ Шанцковскæ, Берлины рамудзæн æрмæг уадзæг заводы кусæг. Йæ амæлæты боны фæстæ ДНК-анализ сбæлвырд кодта, сылгоймаг Шанцковскиты мыггагмæ æнæмæнг хæстæгдзинад кæй дары, уый. Анастасия Чайковская йæ царды стыр хай арвыста рынчындæтты, уыд психикон рынчын. Уый чи зыдта, загътой-иу, польшæйаг зæхкусæгæн тынг хорз йæхи дарын зоны, зæгъгæ.