Берлин
Берли́н (нем. Berlin) у Германы сæйраг сахар, ис бæстæйы цæгат-скæсæны. Берлин у Германы æппæты стырдæр сахар æмæ Европæйы Цæдисы стырдæр сахар Лондоны фæстæ.
Сахар | |||||
Берлин | |||||
---|---|---|---|---|---|
нем. Berlin | |||||
|
|||||
52°31′ с. ш. 13°23′ в. д.HGЯO | |||||
Паддзахад | Герман | ||||
Зæхх | Берлин | ||||
Истори æмæ географи | |||||
Бындурæвæрд | 1244[1] | ||||
Фыццаг кой | 1251 | ||||
Фæзуат | 891,85 км² | ||||
Сахатон таг | UTC+1:00, сæрды UTC+2:00 | ||||
Цæрджытæ | |||||
Цæрджытæ |
|
||||
Цифрон идентификатортæ | |||||
Телефонон код | +49 30 | ||||
Посты индекстæ | 10115–14199 | ||||
berlin.de(нем.) | |||||
|
|||||
Викикъæбицы медиа |
Берлины фыццаг кой уыд XIII æнусы. Пруссийы паддзахады сæйраг сахар уыд (1701-1918), стæй — Германы империйы (1871-1918), Веймары Республикæ (1919-1933) æмæ Æртыккаг Рейхы сæйраг сахар (1933-1945)[3]. Дыккаг дунеон хæсты фæстæ сахар дихгонд уыди Ныгуылæн æмæ Скæсæйнаг Берлиныл. Скæсæн Берлин уыд Германы Демократон Республикæйы сæйраг сахар, Ныгулæн (æмæ стырдæр) хай уыд Ныгуылæн Германы анклав — йæ алыварс уыд бетонæй конд Берлины æмбонд. Германы иугонды фæстæ та Берлин ногæй сси паддзахады сæйраг сахар[4].
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ https://www.berlin.de/berlin-im-ueberblick/geschichte/die-mittelalterliche-handelsstadt/
- ↑ Alle politisch selbständigen Gemeinden mit ausgewählten Merkmalen am 31.12.2023 (нем.) — DESTATIS, 2024.
- ↑ Documents of German Unification, 1848-1871 // Modern History Sourcebook Архивгонд æрцыдис 14 августы 2014 азы. 2008-08-18
- ↑ Berlin — Capital of Germany // German Embassy in Washington 2008-08-18