Андиаг адæм
Андиæгтæ (анд. андал, къIваннал, уырыс. андийцы) сты адæм хæххон Дагъистаны ныгуылæны, Ботлихы районы Цæцæнимæ арæны цур.
Андиæгтæ | |
---|---|
Хином | андал, къIваннал |
Нымæц | 22 000 |
Ахæлиу | Дагъистан |
Æвзаг | андиаг |
Дин | пысылмон дин |
Кæй сконды у | андиаг адæмтæ |
Хæстæг адæмтæ | солы, ахвахæгтæ, каратæйæгтæ |
Анди цы ран ис
ивынАндиæгты историон артдзæст ис Андийы рагъы хуссарвæхстыл, цæугæдон Андийы Хъойсуйы галиу фæрссагдæттæ кæм кæлынц, уыцы рæтты. Географион, культурон æмæ æвзагон барæнтæм гæсгæ Андийы бæстæ дихгæнæн ис Уæллаг æмæ Дæллаг Андийыл.
Æвзаджы тыххæй
ивынАндиæгтæ дзурынц нахаг-дагъистайнаг къорды андиаг-цезаг дæлкъорды андиаг æвзагыл. Андиæгты æхсæн пайда чындæуы солиаг æвзаг — хъуыддагкæнынад æмæ ахуырады мидæг, уырыссаг æвзаг — куыд æхсæнадæмон ныхасгæныны фæрæз (солиаг æвзаджы «зонæйы» æдде), ахуырад æмæ хъуыддагкæнынады дæр. Андиаг æвзагæн фыссынад нæма сфæлдыстæуыд, фæлæ ис се ’взагыл тексттæ: Ног фæдзæхст æмæ æндæртæ.
Дины тыххæй
ивынУырнæг андиæгтæ сты пысылмæттæ-сунниттæ (уыдон сты Кадырийаг тарикаты иунæг минæвæрттæ дагъистайнаг хæххон адæмыхæттыты хсæн), фæлæ XIV æнусы онг сæ фылдæр уыдысты чырыстæттæ (райстой йæ гуырдзыйæ Тамар успаддзахы рæстæджы).
Андийы нымæц
ивын2002-æм азы Æппæтуæрæсеон сфыстмæ гæсгæ андиаг адæмы нымæц у 21,8 мин адæймаджы, уыдонæй 21,3 мин цæрынц Дагъистаны. Фæлæ æндæр хыгъдтытæм гæсгæ сæ нымæц хæццæ кæны 65-75 минмæ, уымæн æмæ сæ фылдæртæ сæхи нымайынц солиæгтыл, кæд андиагау дзурынц, уæддæр.
Андийы хæдзарады тыххæй
ивынАндийы традицион дæсныйад у фосдарын æмæ нымæт уæрдыны куыст. Дæллаг андийаг хъæуты рæзын кæнынц алыхуызон дыргътæ.
Æрвитæнтæ
ивын- Андиæгтæ Архивгонд æрцыдис 3 февралы 2012 азы. (уырыс.)