Андиаг æвзаг
Андиаг æвзаг (къIваннаб мицци) — у андиаг адæмы æвзаг.
Андиаг æвзаг | |
---|---|
Хином | къIваннаб мицци |
Бæстæтæ | Дагъистан (Ботлихы район, Хасавюрт, Махачкала) |
Официалон статус | Дагъистан |
Дзурджыты нымæц | 23000-65000 |
Классификаци | |
Категори | Евразийы æвзæгтæ |
Фыссынад |
|
Æвзаджы кодтæ | |
ISO 639-1 | ani |
ISO 639-2 | — |
ISO 639-3 | ani |
ГОСТ 7.75–97 | ахв 074 |
WALS | anx |
Atlas of the World’s Languages in Danger | 1037 |
Ethnologue | ani |
ELCat | 948 |
IETF | ani |
Glottolog | andi1255 |
Кæм цæрынц
ивынАндиаг æвзагыл дзурынц Дагъистаны Ботлихы районы цалдæр хъæуы: Анди, Гунха, Гагатли, Муни, Кванхидатли, Зилойы, стæй сахартæ Махачкала æмæ Хасавюрты.
Дзурджыты нымæц
ивын2002-æм азы Æппæтуæрæсеон сфыстмæ гæсгæ андиагау дзурджыты нымæц у 24 мин адæймаджы, фæлæ гæнæн и æмæ уыцы нымæц фылдæр уа.
Диалекттæ
ивынАндиаг æвзаг у андиаг æвзæгтæй иу. Уымæн ис уæллаг-андиаг (хъæутæ Анди, Гагатли, Риквани, Зило) æмæ дæллаг-андиаг (Муни, Кванхидатли) диалектты къорд ныхасыздæхтытæ. Диалектты мидæг ис мырон (уæллаг-андиаг диалекты нæй мыр «кьI») æмæ морфологион (цæвиттон, дæллаг-андиаг диалекты ис æртæкъласон системæ) хъауджыдзинæдтæ.
Андиаг æвзаджы ис номон къласы фондзуæнгон системæ, Рикванийы ныхасыздæхты та — æхсæзуæнгон; ис ма аффективон хауæны форманты конды мидæг къласон æвдыстæгтæ: рахицæнгæнæн ис локализацийы 7 серийы, æнæуый та нысан «мидæг» нымæцы миниуæгмæ гæсгæ (иуон нымæц - «ла/-а», бирæон нымæц - «-хъи», дæнцæгæй: «гьакъу-ла» (хæдзары мидæг), фæлæ «гьакъоба-хъи» (хæдзæртты мидæг); мивдисæджы нымæцы æвдыстæуы аблаутæй: «имуво воцци в-усон» (фыд æрвады ссардта), фæлæ «имуво воццул в-осон» (фыд æрвадæлты ссардта).
Андийы хъæуы ныхасыздæхты ис хъауджыдзинæдтæ сылгоймæгтæ æмæ нæлгоймæгты ныхасы. Дæнцæгæй: «дин» (æз), «мин» (ды), «гьекIа» (адæймаг), сылгоймæгтæ та дзурынц: «ден», «мен», «гьекIва».
Фыссынады тыххæй
ивынАндиаг æвзагæн ис хигъæдон фыссынад кириллон алфавиты бындурыл.
Литературæ
ивын- Церцвадзе Ил. Андиаг æвзаг. Тб., 1965. (гуырдз.);
- Алексеев М. Е. Андиаг æвзаг // Дунейы æвзæгтæ. Кавказы æвзæгтæ. М., 1999. (уырыс.)
- Андиаг дзырдты этимологи "StarLing database server"-ы, Сергей Старостин. (уырыс.)