Асаты Никъалайы фырт Реуаз (райгуырдис 1923-æм азы 15 майы, Къуцъахтайы хъæуы — амардис 2007-æм азы[1]) у ирон поэт.

Асаты Реуаз
Райгуырды датæ 1923-æм азы 15 майы(1923-05-15)
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 2007
Архайды хуыз поэт
Хорзæхтæ
орден «Кады Нысан» медаль «За боевые заслуги»

Реуаз райгуырдис Къахеты Къуцъахтайы хъæуы. 1941 азы каст фæцис Цхинвалы педагогон техникум, 1953 азы та — Хуссар Ирыстоны паддзахадон институт. Куыста журнал «Фидиуæджы» редакторæй, Гуырдзыстоны фысджыты Цæдисы Хуссар Ирыстоны хайады бæрнон секретарæй, газет «Советон Ирыстон»-ы редакторы хæдивæгæй, Хуссар Ирыстоны музейы директорæй æмæ æндæр бынæтты.

Литературон куыст райдыдта 1937 азы. Рауагъта æмзæвгæты æмбырдгæндтæ: «Хæстоны сис» (1947), «Æвзæрст уацмыстæ» (1954), «Тыхджын у уарзт» (1957), «Æнæрынцой зæрдæ» (1961), «Ирон легендæтæ» (1963) æмæ æндæр чингуытæ ирон, гуырдзиаг æмæ уырыссаг æвзæгтыл.

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. რევაზ ასაევი [Асаты Реуаз]. საქართველოს ბიოგრაფიული ლექსიკონი (гуырдз.). Датæ: 2021-æм азы 25 февралы.(æнæбаххæсгæ æрвитæн)