Астроно́ми (рагон грекъ. ἄστρον — «стъалы» æмæ νόμος — «закъон») у æрвон буæрттæ æмæ сæ системæтæ чи иртасы, ахæм зонад.

Астрономи иртасы Хур, Хуры системæйы планетæтæ æмæ сæ спутниктæ, астероидтæ, кометæтæ, стъалытæ, галактикæтæ æмæ бирæ æндæр цыдæртæ.

Астрономийæн йæ сæйраг хайтæ сты:

  • Астрометри — æрвон буæртты уынгæ ран æмæ змæлынад иртасы.
  • Астрофизикæ — æрвон буæртты арæзт, сконд æмæ физикон миниуджытæ иртасы.
  • Космогони — æрвон буæртты равзæрд æмæ эволюци иртасы.
  • Космологи — дун-дунейы эволюци иртасы.
  • Æрвон механикæ — уæзтырнæн тыхæй æрвон буæрттæ куыд змæлынц, уый иртасы.

Ирон нæмттæ ивын

Æрмæст иуцалдæр стъалыбардз æмæ стъалыйæн ис ирон нæмттæ: Фисынмæдзæуджытæ, Арвы цæджындз, Галгæс (Арктур), Авдхойы, Фыййауы Лæдзджытæ (Орион), Æрфæныфæд. Планетæтæй ирон ном ис æрмæст иуæн — Бонвæрнон.

Æддаг æрвитæнтæ ивын