Фисынмæдзæуджытæ[1][2], Фисынмæ цæуджытæ[3] кæнæ Лæдæртæ[4][5][6][7][8] (уырыс. Большая Медведица, лат. Ursa Major) сты стъалыгуппар арвы Цæгат æрдæгтымбылæджы.

Фисынмæдзæуджытæ

Астæуккаг æнусты араббаг астрономтæ Фисынмæдзæуджыты авд стъалыйæн æрхъуыды кодтой сæрмагонд нæмттæ дæр:

Лæдæртæ ирон адæмон сфæлдыстады

ивын

Ирон адæмон сфæлдыстады Лæдæрты тыххæй ахæм таурæгъ ис: Раджы, зæдтæ æмæ адæм иумæ хæтæнты куы хаттысты, уæд иу фыдлæг Ахсахътемыр дæр семæ хатти, зæххон адæймаг уæвгæйæ. Бон ын иу афон донмæ æнæцæугæ нæ уыд.

Уыцы рæстæг зæххыл цардис авд æфсымæры, Лæдæртæ, зæгъгæ. Уыдонæн тых кодта Ахсахътемыр. Куы нал дзы фæрæзтой, уæд загътой: «Æрвылбон донмæ цæуы æмæ Донбеттырæн лæгъстиаг у. Цæуæм æмæ дзы æмцег схæссæм, кæд æмæ нæ уый тасæй ныууадзид. Кæд уымæй фæтæрса, æндæр лæгæй нæ тæрсы». Ацыдысты æмæ Донбеттырæй æмцег схастой.

Ахсахътемыр уый куы базыдта, уæд загъта: «Бæрæг уыдзæни, кæд æз Донбеттырæй фæтæрсон, уæд». Уый фæстæ бацыд æмæ сын сæ æмцеджы амардта. Лæдæртæ æрдиаггæнгæ Донбеттырмæ ныццыдысты æмæ йын загътой, цы цау сыл æрцыд, уый. Донбеттыр сын загъта: «Иу афон мæнмæ цæудзæн, æмæ йæ уæд амарут».

Ахсахътемыр уый куы базыдта, уæд донмæ нал ныццыд, фæлæ ссыд арвы астæумæ æмæ уым сбадт. Дыууæ уырсы та йæхицæн хъахъхъæнæг баурæдта.

Лæдæртæ, донмæ цæудзæн, зæгъгæ, доны ’рдæм фисынты цæуын райдайынц. Куы фæрухс вæййы, уæд ма йæ арвыл бæргæ суынынц æмæ йæм фæраст вæййынц, фæлæ уæдмæ æрбабон кæны, æмæ сын рухсы фесæфы». Афтæ алы æхсæв дæр арвыл Лæдæртæ сурынц Ахсахътемыры æмæ йæ баййафынæн ницы фæрæз арынц.[9]

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993 — 469 ф.
  2. Уырыссаг-ирон дзырдуат. Сарæзта йæ Абайты Васо. Дыккаг, срастгонд æмæ баххæстгонд рауагъд. Редактор Исаты М.И, рауагъдад «Советон Энциклопеди». Мæскуы — 1970
  3. Дзагуырты Тембол. Географийы терминон дзырдуат уырыссаг æмæ ирон æвзæгтыл. Цæгат Ирыстоны АССР-ы паддзахадон рауагъдад — Орджоникидзе, 1941.
  4. Абайты Васо. Ирон æвзаджы историон-этимологион дзырдуат. II том. ССРЦ-ы Зонæдты Академийы рауагъдад. Ленинград, 1973.
  5. Джыккайты Шамил. Ныхасы фарн
  6. Тахъазты Фидар. Дыгурон-уырыссаг дзырдуат — Дзæуджыхъæу: Аланыстон, 2003.
  7. Цгоев Х.Ф. Словарь осетинской мифологии и уклада жизни. — Владикавказ: ИПЦ СОИГСИ ВНЦ РАН и РСО-А, 2015. – 599 с.
  8. М.И. Исаев. Дигорский диалект осетинского языка. Издательство «Наука». Москва — 1966
  9. Цгоев Х.Ф. Словарь осетинской мифологии и уклада жизни. — 2 издание, дополненное и исправленное — Владикавказ: СОИГСИ ВНЦ РАН, 2017. — 753 с.