Атайтæ[1] (уырыс. Атаевы) сты ирон мыггаг.

Равзæрд ивын

Ацы мыггаг равзæрд Ос-Бæгъатыры фырт Сидæмоны къабазæй. Сæ рагфыд Атайтæн æрбафтыд Къæмунтыхъæумæ раджы кæддæр Гуырдзийы бæстæй. Сæ фыдæл Гуырдзымæ фæлыгъд Цæгат Кавказæй, йæ ном ын ничи хъуыды кæны. Атай Къæмунты куы æрцард, уæд йæ номмæ гæсгæ йæ мыггаг скодта Атайтæй, æмæ хъæуы фæзынд Атайты мыггаг. Атайæн йæ фыццаг цæуæты нæмттæ дæр ничи хъуыды кæны. Сæ хистæртæ ма хъуыды кæнынц иу цалдæр номы: Гæппуди, Хъуыбады, Додти, Гæбула. Атайты мыггаг куы сбирæ сты, уæд Къæмунтыхъæуæй алыгъдысты быдыры хъæутæм: Къорамæ, Урсдонмæ, Сындзыхъæумæ, Мостиздæхмæ, Змейкæмæ æмæ Сырх Дыгурмæ.[2]

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005 — 359 ф.
  2. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.