Атом
Атом (бердз. ἄτομος «фæдихгæнæн кæмæн нæй») у химион элементæн йæ лыстæгдæр хайыг чи у, æмæ йе ’ппæт миниуджытæ чи хæссы, уый. Атом арæзт у аппæй æмæ аппы алыварс чи зилдух кæны, уыцы электронтæй. Апп арæзт у протонтæ æмæ нейтронтæй. Протонтæн ис æвæрццæг ифтыгъдæг, нейтрон у нейтралон. Атомтæ кæрæдзиимæ архайгæйæ аразынц молекулæтæ.
Хуымæтæг буаргъæд фæхицæнтæ вæййы иу типы атомтыл (кæд, зæгъæм, гелийы хуызæн иуатомон нæу, уæд), вазыгджын буаргъæд — цалдæр типы атомтыл.
Химион реакцийы фæрцы атом фæдихгæнæн нæй.