Молекулæ у, дыууæ кæнæ фылдæр атомтæй арæзт чи у стæй хибарæй уæвынхъом чи у, ахæм хайыг. Ис ын иудадзыгон хъæдон æмæ бæрцон сконд.

Молекулæйы миниуджытæ баст сты цалдæр хъуыддагимæ:

  • йæ сконды цы атомтæ ис, уыдонимæ;
  • куыд баст сты кæрæдзиимæ атомтæ;
  • цавæр бынат сын ис молекулæты хуылфы.

Молекулæйæн вæййы цалдæр уавæры (уыцы иу рæстæджы молекулæ вæййы иу уавæры). Молекулæ исты æддагон факторты руаджы иу уавæрæй иннæ уавæрмæ хизынхъом у. Буаргъæды миниуджытæ баст сты, йе сконды цы молекулæтæ ис, уыдоны уавæр æмæ миниуджытимæ.