Африканертæ
Африканертæ (африк. Afrikaners), африкаансыл чи дзуры, уыцы Хуссар Африкæ æмæ Намибийы урс адæм. Африканерты рагфыдæлтæ уыдысты, Европæйæ Африкæйы хуссармæ XVII æнусы чи ’рбацыди, уыцы нидерландæгтæ, немыцæгтæ æмæ францæгтæ.
Африканертæ | |
---|---|
Хином | африк. Afrikaners |
Æвзаг | африкаанс |
Дин | чырыстон дин |
Хæстæг адæмтæ | голландиæгтæ, фризиæгтæ, фламандæгтæ |
Викикъæбицы медиа |
Апартеиды фехæлды фæстæ африканертæ бахаудтой тæссаг уавæрмæ. Се ’взаг у англисаг æвзагæй æлхъывд, сæ фермæтæм лæбурынц фыдгæнджытæ. 1999-æм азы социологион æрфарстмæ гæсгæ африканерты 26,4% бæстæйæ алидзиккой, фадат сын куы уаид, уæд.