Африкæ
Африкæ у æхсæз континенттæй иу æмæ æхсæз дунейы хæйттæй иу. Континеты фæзуат у 30 065 000 км², ома æппæт дунейы сурзæххы 20,3%. Африкæйы ис 53 паддзахады, 4 ма сты æнæбанымад. Африкæйы цæрынц иу миллиард адæймаджы бæрц.
Африкæ | |
---|---|
Территори | 30 221 532 км² |
Цæрджытæ | 1 380 541 131 (2021)[1] ад. |
Æнгомад | 45 ад./км² |
Цæрджыты ном | африкæйæгтæ |
Йæ дæлхæйттæ | 55 бæстæйы |
Дæлбар бæстæтæ | |
Æвзæгтæ | кæс Африкæйы æвзæгтæ |
Сахатон тæгтæ | UTC-1 — UTC+4 |
Стырдæр сахартæ | Лагос (13,1 млн)
Киншасæ (9,8 млн)
|
Викикъæбицы медиа |
Африкæ лæууы Европæйæ хуссарырдыгæй æмæ Азийæ хуссар-ныгуылæнырдыгæй. Африкæйы ныгуылæйнаг былгæрон æхсы Атлантикон фурд, скæсæны та — Индийы фурд. Африкæ æмæ Европæйы ’хсæн ис Зæххастæуы денджыз, Африкæ æмæ Азийы ’хсæн — Сырх денджыз æмæ Суэцы къанау.
Африкæйы цæгаты ис дунейы стырдæр æдзæрæгран — Сахарæ. Уыцы ранæй хуссарырдыгæй хъæдтæ æмæ саваннæтæ сты фылдæр.
Африкæйы зындгонддæр цæрæгойтæ сты жираф, зебрæ æмæ пыл.
XV æнусæй фæстæмæ Африкæ уыдис колонизацигонд. 1900-æм азмæ æгас континет дихгонд уыди европæйаг бæстæты ’хсæн — стырдæр колонитæ байстой Стыр Британи, Франц, Герман, Бельги æмæ Итали. Деколонизацийы процесс райдыдта æрмæст Дыккаг дунеон хæсты фæстæ.
Африкæ иртасæг зонад хуыйны африканистикæ.
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Population of Africa (2021) - Worldometer . Датæ: 2021-æм азы 9 сентябры. Архив 2020-æм азы 2 сентябры.