Ахвледиани, Георгий Сариданы фырт
Ахвледиани, Георгий Сариданы фырт (райгуырдис 1887-æм азы 31 мартъийы, Дерчийы хъæуы — амардис 1973-æм азы 7 июлы, Тбилисы) уыдис советон æмæ гуырдзиаг лингвист.
Георгий Сариданы фырт Ахвледиани | |
---|---|
гуырдз. გიორგი სარიდანის ძე ახვლედიანი | |
Райгуырды датæ | 1887-æм азы 13 апрелы |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты датæ | 1973-æм азы 7 июлы (86 азы) |
Мæлæты бынат | |
Бæстæ | |
Зонады къабаз | лингвистикæ, логопеди |
Куысты бынат | |
Альма-матер | |
Ахуырадон къæпхæн | филологон зонæдты доктор[d] |
Ахуырадон ном | Советон Цæдисы зонæдты академийы уæнг-корреспондент |
Хорзæхтæ æмæ премитæ | |
Викикъæбицы медиа |
Цардафыст
ивынГеоргий Ахвледиани райгуырдис Кутаисмæ хæстæг хъæу Дерчийы (Ныгуылæн Гуырдзыстон). 1910-æм азы бацыдис Харьковы универститеты историон-филологион факультеты славяйнаг-уырыссаг хайадмæ. Уым сахуыры фæстæ каст фæцис Бетъырбухы университет. 1918-æм азы Тбилисы æвæрд æрцыдис Гуырдзыстоны университеты бындур, æмæ уый фæдыл Ахвледиани сыздæхтис йæ райгуырæн бæстæмæ. Уым уый архайдта «Гуырдзыстоны университеты æхсæнады» къамисы. Ахуыргонд у Тбилисы университеты бындурæвæрджытæй иу, стæй Гуырдзыстоны Зонæдты академийы уæнг-бындурæвæрджытæй иу. 1939-æм азы Георгий сси ССР Цæдисы Зонæдты академийы уæнг-корреспондент, 1941-æм азы — Гуырдзыстоны ССР-ы Зонæдты академийы академик.
Дыккаг дунеон хæсты заман Г.С. Ахвледиани уыдис, фæцæфы тыххæй сæ дзурынхъомдзинад кæмæн фæсахъат, уыцы хæстонты дзæбæхгæнæг къорды сæргъы.
1951-æм азы Г.С. Ахвледиани слæууыдис æхсæнад «Знание»-йы Гуырдзыстоны хайады сæргъы.
Ахуыргонд ма уыдис Гуырдзыстоны лингвистикон æхсæнады сæрдар.
Хайбавæрд ирон æвзаг иртасыны хъуыддагмæ
ивынГ.С. Ахвледианийы иртæстыты объектты ’хсæн уыдис ирон æвзаг дæр. 1960-æм азы Тбилисы рацыдис ахуыргонды чиныг «Сборник избранных работ по осетинскому языку».
Ахвледиани уыдис дыууæтомон «Ирон æвзаджы грамматикæ»-йы редактор (I том — 1963[1], II том — 1969[2]).
Куыстытæ
ивын- Ахвледиани Г. С. Основы общей фонетики. Тбилиси, 1949.
- Ахвледиани Г. С. Сборник избранных работ по осетинскому языку. Тбилиси, 1960.
Литературæ
ивын- Жгенти С. М. Георгий Сариданович Ахвледиани (к 70-летию со дня рождения), «Фонетический сборник», 1959, т. 1.
- Перадзе Т. Г. С. Ахвледиани и грузинская логопедия //Дефектология.- 1981.- № 6.- С. 81.