Багапш, Сергей Василийы фырт

Сергей Василийы фырт Багапш (абх. Сергеи Василий-иԥа Багаԥшь, гуырдз. სერგეი ვასილის ძე ბაგაფში; райгуырдис 1949-æм азы 4 мартъийы Сухумы — амардис 2011-æм азы 29 майы Мæскуыйы) уыд советон партион æмæ абхазаг паддзахадон архайæг, 2005-æм азæй 2011-æм азы онг Республикæ Абхазы дыккаг президент. Архайдта Сухумы протестты 1989-æм азы абхазырдыгæй, æмæ дзы фæцæф. Хæдбар Абхаз куы фæзындис, уæдæй фæстæмæ куыста хицауады бæрнон бынæтты. 2004-æм азы фæстæ дыууæ хатты æвзæрст æрцыдис республикæйы президентæй. Уый президент куы уыдис, Уæрæсейы Федераци Республикæ Абхаз хæдбар паддзахадыл банымадта (2008). Йæ дыккаг æмгъуыды дæргъы фæрынчын рæуджыты ракæй æмæ 2011-æм азы амардис Мæскуыйы рынчындоны.

Сергей Багапш
абх. Сергеи Василий-иԥа Багаԥшь
гуырдз. სერგეი ვასილის ძე ბაგაფში
12 февралы 2005 — 29 майы 2011
Вице-президент Рауль Хаджимба (2005—2009)
Александр Анкваб (2010—2011)
Раздæр чи уыд Владислав Ардзинба
Фæстæдæр Александр Анкваб
29 апрелы 1997 — 20 декабры 1999
Президент Владислав Ардзинба
Раздæр чи уыд Геннадий Гагулия
Фæстæдæр Вячеслав Цугба
Тырыса
Абхазы 1-æм вице-премьер
Тырыса
1995 — 29 апрелы 1997
Президент Владислав Ардзинба
Райгуырдис 1949-æм азы 4 мартъийы(1949-03-04)[1]
Амардис 2011-æм азы 29 майы(2011-05-29)[2][1] (62 азы)
Ныгæныны бынат Джгерда
Мыггаг Багапш
Фыд Василий Багапш
Мад Шушанæ Багапш
Æмкъай Марина Шония
Сывæллæттæ фырт: Зураб
чызг: Лианæ
Парти СЦКПИугонд Абхаз
Ахуырад Гуырдзыстоны субтропикон хæдзарады институт
Професси агроном
Къухæрфыст Изображение автографа
Хорзæхтæ
орден Мужества Адæмты хæлардзинады орден орден «За заслуги» орден Суворова Герой Абхазии орден «Честь и слава» Кады Нысан орден Дружбы
Æфсæддон куысты азтæ 1973—1974
Бæстæ Советон Цæдис Советон Цæдис
Абхаз Абхаз
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Цардафыст

ивын

Сергей Багапш райгуырдис бирæсывæллонджын абхазаг бинонтæн 1949-æм азы 4 мартъийы Сухумы. Йæ фыды фыдыфыд — Раджап — мухадзыртæй æрыздæхтис фæстæмæ Туркæй Абхазмæ XX æнусы райдиан. Сергейæн йæ фыдыфыд Саид 1928-æм азы æрбынат кодта Джгердайы хъæуы[4][5].

Сухумы 10-æм абхазаг астæуккаг скъолайы фæстæ ахуыр кодта Гуырдзыстоны субтропикон хæдзарады институты, райста агрономы дæсныйад[5]. Ахуыр куы кодта, куыста ма сæны заводы æмæ паддзахадон банчы инкассаторæй. Спорт уарзта, Советон Цæдисы адæмты спартакиадæмæ цыдис Абхазы баскетболон къорды капитанæй[4].

1973—74 азты службæ кодта советон æфсады, демобилизацийы фæстæ нысангонд æрцыдис фæскомцæдисы Абхазы обкомы инструкторæй.

Дарддæр куыста фæскомцæдис æмæ Гуырдзыстоны коммунистон партийы, уыд фæскомцæдисы Абхазы обкомы фыццаг секретарь (1980), стæй партийы Очамчырæйы райкомы фыццаг секретарь дæр. Абхазы национ змæлды фарс кæй лæууыд, уый тыххæй йæ йæ партион бынатæй айстой 1989-æм азы[5].

Сергей Багапшы ном хæссынц:

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. 1,0 1,1 Sergej Bagapsch // Брокгаузы энциклопеди (нем.)
  2. http://www.themoscowtimes.com/news/article/abkhazias-leader-dies-in-moscow/437744.html
  3. Deutsche Nationalbibliothek Иумæйаг нормативон контроль (GND) (нем.) — 2012—2016.
  4. 4,0 4,1 Сергей Багапш: Бессмертная сила доброй воли, // Московский комсомолец. Фæстаг фенд 2016-06-16.
  5. 5,0 5,1 5,2 Первые лица(недоступная ссылка). Абхазия.рф. Датæ: 2016-æм азы 3 июны. Архив 2016-æм азы 3 июны.
  6. Площадь Конституции СССР переименована в площадь имени Сергея Васильевича Багапш, Апсны-Пресс, 2012-01-26. Фæстаг фенд 2016-06-18.
  7. 7,0 7,1 Центральная площадь города Очамчира будет названа именем президента Абхазии Сергея Багапш, Апсны-Пресс, 2012-02-09. Фæстаг фенд 2016-06-18.