Багратион, Пётр Иваны фырт

Уæрæсейы инфантерийы инæлар

Багратион Иваны фырт Пётр (гуырдз. პეტრე ბაგრატიონი, 17651812) — Уæрæсейы инфантерийы инæлар, кънйаз, 1812-æм азы Фыдыбæстæйы хæсты хъæбатыр.

Пётр Иваны фырт Багратион
гуырдз. პეტრე ივანეს ძე ბაგრატიონი
Райгуырды датæ 1765[1], 1769[2] кæнæ 1765-æм азы 10 июлы(1765-07-10)
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 12 (24) сентябры 1812[1] кæнæ 1812-æм азы 24 сентябры(1812-09-24)
Мæлæты бынат
Æфсæдты хуыз Уæрæсейы императорон æфсад[d]
Хуындад инæлар æмæ инфантерийы инæлар[d]
Командæ кодта 6-й егерский полк[d], Егерский лейб-гвардии полк[d] æмæ 22-я пехотная дивизия (Россия)[d]
Тохтæ
Хорзæхтæ æмæ премитæ
орден Святого Иоанна Иерусалимского командор военного ордена Марии Терезии орден Святого апостола Андрея Первозванного орден Святого Георгия II степени орден Святого Владимира 1-й степени кавалер ордена Святого Александра Невского Сыгъдæг Георгийы орден Сыгъдæг Невайаг Александры орден орден Святого Владимира 2-й степени орден Святой Анны 1-й степени Военный орден Марии Терезии орден Чёрного орла орден Красного орла орден Святых Маврикия и Лазаря золотое оружие с надписью «За храбрость» орден Святого Иоанна Иерусалимского
Къухæрфыст Изображение автографа
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Цардвæндаг

ивын

Хæдзарвæндаг

ивын

Багратионы мыггаджы равзæрд цæуы Адарнасе Багратионæй; 742780-æм азты уый уыд рагон Гуырдзыстоны провинцийы — Тао-Кларджеты ерыстау (ныр Турчы сконды у), йæ фырт Ашот Куропалат (амардис 826-æм азы) сси Гуырдзыстоны паддзах. Фæстæдæр Гуырдзыстоны паддзæхты династи фæдих æртæ къабазыл, хистæр къабазы хæххытæй иу (Багратионтæ) бацыдис Уæрæсейы кънйазты мыггæгты номхыгъдмæ.

1759-æм азы Картлийы паддзах Иессейы фæрссаг фырт принц Алыксандр (Исаак-бек) Гуырдзыстоны паддзахиуæггæнæг бинонтимæ быцæуы тыххæй афтыдис Уæрæсемæ æмæ дзы службæ кодта Кавказы дивизийы булкъонæй. Йæ фырт Иван Багратион (17301795) дæр уырдæм ацыдис йæ фæдыл. Иван службæмæ бацыдис Хъызлары хъаллæйы комендантон командæмæ.

Бирæ автортæ куыд фыссынц, афтæмæй Пётр райгуырдис 1765-æм азы Хъызлары, фæлæ архивон æрмæджытæм гæсгæ зæгъæн ис, Пётр Калачы кæй райгуырдис, уый. Йæ фыды петицитæм гæсгæ Пётры ныййарджытæ Картли-Къахеты паддзахадæй Хъызлармæ æрлыгъдысты æрмæстдæр 1766-æм азы декабры, Гуырдзыстон Уæрæсейы империйы скондмæ бацæуыны агъоммæ [3]. Йæ æрыгон азтæ Багратион арвыста Хъызлары.

Æфсæддон службæ

ивын

Службæ райдыдта Астраханы фистæгæфсæддон полчъы. Фыццаг хатт тох кодта 1783-æм азы хæстон экспедицийы Цæцæны. 1785-æм азы уацары райста Сих Мансуры æфсад.

1806-1812-æм азты уырысы-турчы хæсты рæстæджы уыдис Молдавийы æфсады сæйраг командыгæнæгæй. 1812-æм азы Фыдыбæстæйы хæсты рæстæджы уыди Дыккаг ныгуылæн æфсады сæйраг командыгæнæгæй.

Амардис Бородинойы тохы фæстæ 1812-æм азы 24 сентябры. 1839-æм азы ногæй ныгæд æрцыдис Бородинойы быдыры.

Йæ номæй кæй рахуыдтой, уыцы бынæттæ

ивын

Фиппаинæгтæ

ивын