Багъæраты Хъуырманы фырт Созыр, дыгур. Багъæрати Созур (райгуырдис 1888-æм азы 18 июны Чырыстонхъæуы — амардис 1928-æм азы 9 июлы) у дыгурон поэт.

Багъæраты Созыр
Райгуырды датæ 18 (30) июлы 1888
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 1928-æм азы 29 июлы(1928-07-29) (40 азы)
Архайды хуыз поэт
Уацмысты æвзаг ирон

Цардафыст

ивын

Созыр райгуырди Чырыстонхъæуы хæрз мæгуыр бинонты астæу. 1904-æм азы каст фæци райдайæн скъола æмæ кодта хæдзары куыстытæ. 1908-æм азы йæм фæсидтысты æфсадмæ, фæлæ Созыр йæхи бааууон кодта, æмбæхсти хæхты. Уæдмæ йæ фыд амард, æмæ лæппу йæ бинонты иунæг дарæг кæй уыд, уымæ гæсгæ йæ æфсадмæ нал акодтой. Империалистон хæсты рæстæг æм ногæй фæсидтысты. Созыр бахауд Ирон бæхджын дивизионмæ. Фæци дзы 1916–æм азмæ, стæй ралыгъд æмæ абырæджы цард кодта хъæдты. 1918-æм азы бацыди «Кермен»-ы партимæ, стæй та УК(б)П-мæ. Партизанты къордимæ хæцыд урсгвардионты ныхмæ. Советты дуг куы ралæууыд, уæд зæрдиагæй бавнæлдта æхсæны хъуыддæгтæм Фæлæ йæ йæ хъизæмайраг цард, иудадзыг рахау-бахаутæ рæуджыты низмæ æртардтой æмæ бирæ рæстæг хуыссæнæй нал стади. Иу цыппар азы дæргъы (1921 — 1925) йæ бон ныффыссын дæр ницуал баци.

Созыры чиныг «Зæрди дуар» фыццагхатт мыхуыры фæзынди Дзæуджыхъæуы 1926-æм азы. Фæстæдæр æм поэты архивæй хастæуыди ног æмдзæвгæтæ, афтæмæй ма рацыди 1939, 1949, 1978 азты. 1988 азы та йын йæ уацмыстæ рауагътой дыгурон æмæ уырыссаг æвзæгтыл (Орджоникидзе, «Ир»). «Зæрди дуар» тæккæ æххæстдæрæй рухс федта 1991 азы (Дзæуæгигъæу, «Ир») — бацæттæ йæ кодта йæ чызг Зинæ.

Литературæ

ивын
  • Багъæрати Созур. Журнал «Мах дуг», 2003 аз, №9
  • Писатели советской Осетии. Составители: Ф. Гаглоев, Н. Джусоев — Сталинир, 1957

Æддаг æрмæг

ивын