Бадилатæ
(Баделиатæ-æй æрвыст)
Бадилатæ, дыгур. Баделиатæ[1] – Дыгуры æхсæнады уæлдæр фæлтæр, Тъæпæн Дыгуры æмæ Уæллагкомы феодалтæ, уыдысты авд мыггаджы: Абысалтæ, Битуатæ, Къабантæ (Къабанатæ), Хъарадзаутæ, Хъуыбадтæ, Тугъантæ æмæ Чегемтæ. Бадилатæ лæууыдысты ирон æхсæнады иерархийы уæлдæр къæпхæныл. Бадилатæ чызг хастой æмæ лæвæрдтой кæрæдзийæн, арæх чызг куырдтой кæсгон æмæ балхъайраг зындгонд мыггæгтæй, хатгай та — цæргæсатæй. Бадилатæ чызг лæвæрдтой Тæгиаты æлдæрттæн, стæм хатт та иннæ ирон æхсæнадты уæздан лæгтæн; сæхæдæг уыцы мыггæгтæй чызг нæ хастой. Дыгурон феодалтæ номыл устытæ кодтой, куыд Дыгуры æхсæнады сæ дæлбар зæхкусджытæй, афтæ Ирыстоны иннæ æхсæнæдтæй дæр.
Литературæ
ивын- Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ. — Дзæуджыхъæу: Ир, 2005. — С. 44–46.
- Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — Цхинвал: «Республика», 2017. — С. 38–39.
- Гецати Афæхъо. Дигори коми муггæгти равзурд. — Дзæуæгигъæу: Алания, 1999. — С. 112–119.
- Дзадзиты А., Дзуццаты X., Хъараты С. Ирон адæмы этнографи æмæ мифологи. Цыбыр дзырдуат. — Дзæуджыхъæу, 1994. — С. 35.
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Цхуырбаты З.Д., Дзиццойты Ю.А. Хуссар Ирыстоны топоними. Уанеты Захары номыл Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн ин-т. — М.: Наукæ, 2013. I-æм том