Батæртæ кæнæ Батæратæ[1] (уырыс. Батаровы, Батыровы) сты дыгурон мыггаг.

Равзæрд ивын

Ацы мыггаджы хистæртæ сæ фыдæл Батæры нымайынц Будайты Буда æмæ Темырты Темыры æфсымæрыл. Уый дæр Стыр Дыгуры Нæуæгхъæуы йæ мыггаг йæхи номыл скодта. Батæрæн Нæуæгхъæуы райгуырд фырт — Æфсадæг. Уымæн уыд авд фырты, уыдон цæуæты нæмттæ таурæгъгæнæг нæ зоны, зоны æрмæстдæр кæстæр фырты ном — Ужек. Иу рæстæджы Дыгуры коммæ фæзындысты цавæрдæр тыхгæнджытæ. Ужек бахауд уацары, фæлæ ралыгъд æмæ æрцард Къуссуйы. Уым ын райгуырд фырт — Алибек, уымæн та — Тебек, Тебекæн уыд цæуæт æмæ цæуæты цæуæт. Раивгъуыдта бирæ рæстæг æмæ Батæрты мыггаг сбирæ.[1]

Фиппаинæгтæ ивын

  1. 1,0 1,1 Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.