Без границ (организаци)
Æнæкоммерцион иугонд «Культурон центр „Без границ“» у æнæкоммерцион организаци, кусы цæмæй Уæрæсейы æхсæнад хуыздæр æмбара инвалидты проблемæты. Центры здæхтытæй иу у хуыйын бæзгæ æмæ фидауц дзаумæттæ цыбыр фадаттимæ адæмæн. Уæрæсейы организаци у, социалон амалхъомады фадыджы чи кусы, уыцы æхсæнадæмон проект Dialogue Social Enterprise минæвар.
Истори
ивынПроект æрхъуыды кодта немыцаг амалиуæгдар, компани Siemens-ы раздæры топ-менеджер Тобиас Райзнер. Йæ цæрæн бынат Уæрæсемæ куы раивта, уæд ам бындур æрæвæрдта программон ифтонг чи кæны, ахæм компанийæн. Цы æфтиаг иста уыцы фирмæйы куыстæй, уымæй райдыдта æввонг кæнын проект «Без границ». Уымæ хауы алыхуызон программæтæ инвалидтæн æххуыс кæнынæн[1]. Проекты фыццаг «хъæбул» уыд сайт bezgraniz.com. Уый фæстæ конд уыд «Культурон центр «Без границ». Йæ генералон директор сси Янина Урусова.
Культурон центр æмæ йæ мадзæлтæ иу æмæ дыууæ хатты не систы алыхуызон уæрæсеон æмæ æхсæнадæмон социалон амалхъомады æмæ хæрзгæныны премиты хицау. Æппæты кадджын хорзæх — преми «Серебряный Лучник», The Moscow Times Awards, «Рунеты преми», Елена Мухинæйы номы преми, «Сделано в России» æмæ андæртæ. 2015 азы мартъи мæйы центры дыууæ проекты — фестиваль «Без границ – буар, æхсæнад, культурæ» æмæ айвадон-публицистикон акци «Акрополь: мæ буар куыд ссардтон» — дыууæ дæр бацахстой бынæттæ фыццаг æртыны куыд хуыздæр проект националон программæйы «Хуыздæр социалон проект Уæрæсейы».
Архайд
ивынЦентры сæйрагдæр проекттæй иу у фестиваль «Без границ — буар, æхсæнад, культурæ». Фестивалы программæйы ис æвдыстытæ, лекцитæ æмæ концертæ, сæ нысан инвалидты проблемæтæм адæмы цæстæнгас раздахын[2][3].
Bezgraniz Couture
ивынЦентр аразы æхсæнадæмон дарæсы конкурс Bezgraniz Couture - адæмæн цыбыр фадаттимæ. Уый у фыццаг ахæм конкурс дунейы. Бындур йын æрывæрдтой Янина Урусова, Тобиас Райзнер и Гудрун Вайсс-Даннхольц. Конкурсы сæйраг нысан — бамбарын кæнын куыд ахсджиаг у дзыллон кæнын дарæс инвалидтæн. Проект саразы равдыстытæ æхсæнадæмон модæйы къуыриты, зæгъæм Mercedes-Benz Fashion Week – ы[4].
Фыццаг æвдысты архайдтой дизайнертæ Германæй, Уæрæсейæ, Италийæ, Бразилийæ. 2012-æм азы конкурс уыд журнал «Сноб» цы преми дæтты «Конд у Уæрæсейы», уый номинант, куыд «Социалон проект». Конкурс уыд æвдыст æвдæм æрвылазон форумы SharedServices&Outsourcing-2012 Берлины æмæ рамбылдта Берлины Хицауады преми куыд афæдзы хуыздæр инноваци.
Акрополь: мæ буар куыд ссардтон
ивынЦентры сæйрагдæр цаутæй иу у айвадон-публицистикон проект «акрополь: мæ буар куыд ссардтон». Архайдтой дзы дæс адæймаджы, йæхиуыл ампутаци чи бавзæрста, ахæмтæ. Проект æмиу кæны къамтæ, текст æмæ музыкæ æмæ баст уыд 2014-æм азы Сочийы цы Паралимпиадæ уыд, уыимæ. 2015-æм азы равдыст банымадтой хуыздæрыл, социалон коммуникациты æмæ хæрзгæнæг проектты ’хсæн.
Æндæр проекттæ
ивынЦентры сæргъы инвалидтæн баххуыс кæныны тыххæй аразынц æндæр мадзæлттæ дæр. Сæ иу проект «Инопланетники» зæгъгæ. Проекты архыйджытæ иннæтимæ дих кæнынц сæ хъуыдытæй, цард куыд фæхуыздæр кодтаикой ног планетæйыл[5].
Журнал «Сноб»-имæ иумæ центр скодта цалдæр публикацийы цыбыр фадаттимæ адæмы тыххæй. Алы публикаци у диалог æнæниз адæймаджы æмæ инвалиды æхсæн. Диалоджы архайджытæ уыдысты Линор Горалик, Верæ Полозкова, Татьянæ Толстая, Людмилæ Улицкая, Иринæ Ясина æмæ æндæртæ[6]. Центр иртасы инвалидты уæгъдвæндаг Рунетмæ.
Æхсæнадæмон æмгуыстад
ивынОрганизаци у социалон амалхъомады фадыджы æхсæнадæмон проект Dialogue Social Enterprise официалон минæвар Уæрæсейы. Культурон центры æххуысæй 2012-æм азæй Мæскуыйы куырм тренертæ кæнынц бизнес-тренингтæ æххæст талынджы. Уый у «Диалог талынджы» фыдыбæстæйы верси. Dialogue Social Enterprise нымайынц æй сæ сæйраг проекттыл[7]..
Æддаг æрмæджытæ
ивын- Программæ «Тем временем», ныхас дзы цæуы фестиваль «Без границ»-ы тыххæй Архивгонд æрцыдис 18 майы 2015 азы.
- Уæрæсейы социалон амалиуæгдарты каталог Архивгонд æрцыдис 18 майы 2015 азы.
- Киноныв конкурс Bezgraniz Couture-ы тыххæй
- Æрмæг проектты тыххæй журнал Forbes-ы
- Конкурс «Серебряный Лучник»-ы уæлахиздзаутæ Архивгонд æрцыдис 18 майы 2015 азы.
- Электрон журнал «Филантроп»
- Равдыст телеканалы «Дождь»
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Мода без стандартов, neinvalid.ru.
- ↑ О фестивале «Без границ – тело, общество, культура», acropolis-now.org.
- ↑ Russisches Behinderten-Fotoprojekt: Wie im alten Pergamon gemeißelt, журнал Spiegel.
- ↑ Видео с показа, Youtube.
- ↑ Биография Янины Урусовой, youlead.ru. Архивгонд æрцыдис 18 майы 2015 азы.
- ↑ Писатель Людмила Улицкая и журналист и правозащитник Ирина Ясина продолжают проект «Диалоги о другом», Сноб.
- ↑ Инопланетники, OpenSpace.ru.