Белуджаг æвзаг

Белуджаг æвзаг (بلوچی) у белуджаг адæмы æвзаг. Хауы ирайнаг æвзæгтæм (цæгат-ныгуылæйнаг къорд). Æмбæлы Пакистаны, Ираны, Афгъанистаны, Туркменийы, Оманы æмæ Араббы Иугонд Эмиратты.

Белуджаг æвзаг
Хином: بلوچی
Бæстæтæ: Пакистан, Иран, Афгъанистан, Туркмени, Оман, АИЭ
Официалон статус: Белуджистан
Æдæппæт дзурджыты нымæц: 7,5 млн
Классификаци
Категори: Евразийы æвзæгтæ
Индоевропæйаг æвзæгтæ
Ирайнаг æвзæгтæ
Хуссар-ныгуылæйнаг ирайнаг æвзæгтæ
Фыссынад: араббаг алфавит
ISO 639-1:
ISO 639-2: bal
ISO 639-3: bal — белуджаг (æппæтон)
bgp — скæсæн
bgn — ныгуылæн
bcc — хуссар
Idioma baluchi.png
Æвзæгты тыххæй æппæт статьятæ

Мадæлон кæмæн у, уыцы адæймæгты нымæц у 7,5 милуанæй фылдæр, уыимæ Пакистаны — 6 милуанмæ æввахс, Ираны — 1–1,2 милуаны, Афгъанистаны — 200 мины, Оманы — 130 мины, ИАЭ-йы — 100 минмæ æввахс, Туркменийы — 38 мины.

Белуджаг æвзаг дихгонд у дыууæ бындурон диалектон къордыл — ныгуылæйнаг æмæ скæсæйнагыл. Пакистаны æмæ Афганистаны цæрæг белуджæгтæ пайда кæнынц, йæ бындуры араббаг графикæ кæмæн ис, ахæм фыссынадæй. Белуджаг текстты тæккæ рагондæр æвдисæйнæгтæ фыст æрцыдысты XVIII æнусы. ССР Цæдисы 1930-æм азты фæлвæрдтой пайда кæнын латинаг алфавиты фæрцы, 1990-æм азты райдианы Туркменийы та — кириллицæйы фæрцы.