Бендукидзе, Каха Автандилы фырт
Каха Автандилы фырт Бендукидзе (гуырдз. კახა ავთანდილის ძე ბენდუქიძე; райгуырдис 1956-æм азы 20 апрелы Тбилисы — амардис 2014-æм азы 13 ноябры Лондоны) уыд Уæрæсе æмæ Гуырдзыстоны амалхъом адæймаг, паддзахадон архайæг, биолог æмæ экономист, филантроп. Гуыдзыстоны Зонындзинæдты фонды бындурæвæрæг. Зонынц æй куыд «Гуырдзыстоны экономикон райрæзты архитектор»[2][3].
Каха Автандилы фырт Бендукидзе | |
---|---|
гуырдз. კახა ბენდუქიძე | |
2004 июнь — 2004 декабрь | |
Раздæр чи уыд | Ираклий Рехвиашвили[d] |
Фæстæдæр | Алексишвили, Алексий Гивийы фырт[d] |
Райгуырдис |
1956-æм азы 20 апрелы[1] |
Амардис |
2014-æм азы 13 ноябры[1] (58 азы) |
Гуырæн ном | гуырдз. კახა ბენდუქიძე |
Парти | |
Ахуырад | |
Ахуырадон къæпхæн | биологон зонæдты кандидат[d] |
Архайд | молекулярон биологи[d] |
Хорзæхтæ | |
Зонадон архайд | |
Зонады къабаз | молекулярон биологи[d] |
Кæм куыста | |
Викикъæбицы медиа |
1980-æм азты кæронæй 2004-æм азы онг амалиуæг кодта Уæрæсейы, уыцы æмгъуыды кæронмæ уыдис уæззау индустрийы холдинг «Иугонд машинæаразæг заводты» (уырыс. Объединённые машиностроительные заводы) генералон директор. 2004-æм азы ацыд Гуырдзыстонмæ, президент Саакашвилийы хицауады сси экономикæйы министр, 2004—8 азты уыд экономикон реформæты министр.
Рæзгæ бонтæ æмæ ахуырад
ивынРайгуырдис Тбилисы. Йæ фыд Автандил Доментийы фырт Бендукидзе — ахуыргонд-математик, Тбилисы университеты амонæг, йæ мад Джульеттæ Акакийы чызг Рухадзе — историк æмæ культуролог. Ахуыр кодта Тбилисы 55-æм астæуккаг скъолайы.
1977-æм азы каст фæци Тбилисы паддзахадон университеты биологон факультет. Факультеты фæскомцæдисы бюройы секретарь уыд. 1980-æм азы каст фæци Мæскуыйы паддзахадон университеты биологон факультеты аспирантурæ, сси биологон зонæдты кандидат. 1979-æм азæй 1989-æм азы онг уыд коммунистон партийы уæнг.
1981—1985 азты — Пущинойы Микроорганизмты биохими æмæ физиологийы институты сæйраг лаборант, зонадон кусæг.
1985—1990 азты — Медицинон индустрийы министрады цур Биотехнологийы институты молекулярон генетикæйы лабораторийы хицау.
Амалиуæг Уæрæсейы
ивын1988-æм азы амалиуæг кæнын райдыдта, йе ’мкусæг ахуыргæндтимæ цалдæр сæудаджерон кооперативы сарæзта. 1988-æм азы сарæзта æхсæнадон организаци «Биопроцесс», кæцы реорганизацийы фæстæ сси акционерон æхсæнад.
1994-æм азы йæ «Биопроцесс» 500 мин долæрæй балхæдта «Уралмаш»-ы акциты 17 %, æмæ Бендукидзе сси АÆ «Уралмашы» директоры советы сæрдар. 1997-æм азæй — АÆ «Уралмаш-Заводты» директорты советы сæрдар. Уыцы рæстæг ма уыд УФ-йы экономикон политикæйы фæдыл коллегийы сконды (1995).
Архайд Гуырдзыстоны
ивын2004-æм азы Гуырдзыстоны президент Михаил Саакашвили хонæг арвыста Каха Бендукидзейæн, цæмæй гуырдзиаг хицауады скондмæ бацæуа. Уыцы азы июны Бендукидзе сси экономикæйы министр. Уыцы иу аз декабры сси экономикон реформæты координацийы министр.
2009-æм азы 7 февралы паддзахадон службæйæ рацыдис æмæ йе ’хца милуангай ахуырадмæ æвæрын райдыдта, 2007-æм азы цы Зонындзинæдты фонды бындур сæвæрдта, уыцы хæрзауæдæн организацимæ.
Зонындзинæдты фонд у хицæн Тбилисы сæрибар университеты саразæг. Фонды нысан у дунейы æмвæзады ахуырад æрыгон фæлтæрæн раттын æмæ хæрзхъæд зонадон иртасæнтæ райтынг кæнын.
2014-æм азы Гуырдзыстоны прокуратурæ æрфæрста Бендукидзейы. Амалиуæгдары зылын кодтой, Гуырдзыстоны аграрон университеты приватизацийы рæстæг æнæзакъонон хуызы егъау зæххытæ æгæр асламæй йæхи кæй бакодта, ууыл.
Архайд Украинæйы
ивын2014-æм азы майы Бендукидзе райста Украинæйы уæды президент П. Порошенкойы хонæг æмæ сси Украинæйы хицауады Экономикон уынаффæйон оргæны уæнг[4]. Уый хъардта къорд реформæты хъалонисæн системæйы, сидти газы аргъ фæбæрзонддæр кæнын æмæ карздæрæй тох кæнын коррупцийы ныхмæ[4].
Бацыд Реформæты националон советмæ дæр Украинæйы президенты цур.
Мæлæт
ивынАмардис 2014-æм азы 13 ноябры Лондоны, Швейцарийæ куы раздæхти, уæд. Йæ амæлæты агъоммæ уыд Цюрихы кардиологон клиникæйы, кодтой ын йæ зæрдæйы операци[5]. Йæ ныстуанмæ гæсгæ ныгæд æрцыдис 22 ноябры Тбилисы Кукиайы уæлмæрдты, йæ мады ингæны цур.
Мыггаг
ивын1999-æм азы йæ цард баиу кодта идæдз Наталья Золотоваимæ. Уымæн та уыдис дыууæ фырты фыццаг æмкъайадæй.
Бендукидзейæн ис иунæг чызг, 1990-æм азы гуырд, йæ ном Анастасия Гончарова, хæссы йæ мады мыггаг. 2013-æм азы Анастасия каст фæци Лондоны King’s College-ы испайнаг филологийы хайад[6]. Бендукидзейы амæлæты бонмæ йæ ахастдзинæдтæ Гончароваимæ официалон нæ уыдысты, æмæ уый тæрхондонмæ бахъаст кодта, цæмæй ДНК-экспертизæйы фæрцы йæ Бендукидзейы чызгыл банымæйой — уый йæ къухы бафтыд, 2016-æм азы тæрхондон йæ хъастыл сразы æмæ йæ фыды бынтæй стыр хай йæ дæлбар фæци[7][8].
Кахайы хо Нуну Бендукидзе у арæзтадон фирмæйы хицау Гуырдзыстоны. Йæ фирмæйы архайд фæхуыздæр и, Каха Гуырдзыстонмæ куы ссыди, уæд. Фирмæйы дæлбар сты Ачъары цалдæр туристон объекты æмæ Гуырдзыстоны хуссары гидроэлектростанцæ[9].
Бендукидзе уарзта хъæбысæйхæст, шахмæттæй хъазыдис, уыд театрдзау[10].
Мысæн
ивын2015-æм азы октябрæй Киевы уынгтæй иу хæссы Каха Бендукидзейы ном.
Чингуытæ
ивынКуыд Мæскуыйы Экономикæйы уæлдæр скъолайы профессор, Бендукидзе уыд ахуыры чиныджы æмавтор:
- Кузьминов Я. И., Бендукидзе К. А., Юдкевич М. М. Курс институциональной экономики: институты, сети, трансакционные издержки, контракты / Отв. ред.: Н. М. Халатянц. М. : Издательский дом ГУ-ВШЭ, 2006.
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ 1,0 1,1 Kacha Bendukidse // Munzinger Personen (нем.)
- ↑ Каха Бендукидзе æмæ йæ «гуырдзиаг æмбисонд» (уырыс.)
- ↑ Бендукидзе Каха Автандилович
- ↑ 4,0 4,1 Интервью — Грузинский советник Порошенко не видит будущего у Украины без реформ(недоступная ссылка). Датæ: 2021-æм азы 20 ноябры. Архив 2014-æм азы 26 октябры.
- ↑ Скончался грузинский предприниматель и политик Каха Бендукидзе . NEWSru.com. Датæ: 2020-æм азы 17 январы.
- ↑ EXCLUSIVE: ბენდუქიძის დაკრძალვას მისი ქალიშვილი დაესწრება . Датæ: 2014-æм азы 25 декабры.]
- ↑ Анастасия Бендукидзе — о папе и борьбе за его ДНК и наследство(недоступная ссылка). TATLER Russia. Датæ: 2016-æм азы 7 июлы. Архив 2016-æм азы 10 июлы.
- ↑ Суд удвоил число наследников Кахи Бендукидзе . Коммерсантъ. Датæ: 2016-æм азы 11 июны.
- ↑ Реваз САКЕВАРИШВИЛИ. Золотые розы . Огонёк. Датæ: 2014-æм азы 25 декабры.
- ↑ Большой человек Бендукидзе Архивгонд æрцыдис 3 декабры 2014 азы. «Компания», 14.11.2005. — № 390
Æддаг æрмæг
ивын- Статьи, выступления, лекции Кахи Бендукидзе. 1996—2014
- Справка по Кахе Бендукидзе, Flb.ru
- Интервью. Каха Бендукидзе в гостях у Дмитрия Гордона (2014) — Видео
- Драма, но не трагедия. Фæстаг фенд 2017-10-09.
- Реформатор, либерал, визионер: Грузия попрощается с Кахой Бендукидзе . Датæ: 2018-æм азы 28 июлы.