Бестауты Гиглайы фырт Гиуæрги (райгуырдис 1932-æм азы 5 майы, Годжитыхъæуы — амардис 1978-æм азы 30 июлы, Цхинвалы) уыдис ирон поэт, литературæиртасæг, тæлмацгæнæг.

Бестауты Гиуæрги
Райгуырды датæ 1932-æм азы 5 майы(1932-05-05)[1]
Райгуырæны бынат Годжитыхъæу, Цхинвалы район
Мæлæты бон 1978-æм азы 30 июлы(1978-07-30)[1] (46 азы)
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуыз поэт

Бестауты Гиуæрги райгуырдиc Хуссар Ирыстоны, Годжитыхъæуы. Йæ фыд Гигла æмæ йæ мад Уалион Маруса уыдысты мæгуыр хохаг зæхкусджытæ. Гиуæргийы райгуырæн хъæу ис рæсугъд ран хæхты бæстастæу: Кавказы бæрзонд хæхтæй — дард, зæххæй хъæздыг быдыртæ кæм ныззылдысты дæрттыл, уырдæм та — æввахс. Ныллæг, фæлæ райдзаст хæхтæ, хъæдæй бæзджын æхгæд хæхтæ. Хъæуы фарсмæ — хуымы гæппæлтæ, фæлæ — хæрз чысыл. Хъæуы сæрмæ — кæрдæгджын фæтæн, фос дарыны фадат уырдыгæй цыд хъæуы адæммæ. Фæлæ уыцы фадат дæр цард нывыл саразыны фаг нæ уыд. Æмæ Годжиты хъæуæй радыгай лыгъдысты йæ цæрджытæ цардагур. Афтæмæй абон бынтондæр сафтид.

Гиуæрги йæ сабийы бонтæ ам арвыста. Скъолайы къæсæрæй дæр ам бахызтиc, фæлæ стæй йæ ныййарджытæ ралыгъдысты быдырмæ æмæ æрцардысты Цхинвалы сахармæ æввахс иу гуырдзиаг хъæуы. Лæппу нæ зыдта нæдæр уырыссагау, нæдæр гуырдзиагау, ирон скъола та уæд нал уыди сахары нæ, фæлæ хъæуы дæр. Уырыссаг скъолатæм æй нæ айстой, фæлæ тыхæй-фыдæй, зондджын директоры ахъазæй, Гиуæргийы бафæлварыны хуызы айстой гуырдзиаг скъоламæ, кæд иунæг скъола уыд Цхинвалы, кæд гуырдзиаг сабитæн дæр нæ фаг кодта, уæддæр. Зæрдæргъæвд лæппу нæ фæмæнг кодта ахуыргæнджыты ныфс æмæ афæдзы кæронмæ сси раззаг ахуырдзау. Ацы скъола фæци каст Гиуæрги 1952-æм азы сыгъзæрин майданимæ.

Уыцы аз Гиуæрги бацыд Тбилисы паддзахадон университетмæ, журналистикæйы факулътетмæ. Ам дæр уыди раззаг студентыл нымад, стæй разынд курдиатджын стихфыссæг, гуырдзиаг æвзагыл. Гиуæрги уæдмæ афтæ хорз сахуыр кодта гуырдзиаг æвзаг, æмæ, дам, Георгий Леонидзе, номдзыд гуырдзиаг поэт, сæ литературон фæсивæдæн иу æмбырды загъта: поэт суæвын уæ кæй фæнды, уый гуырдзиаг æвзаг хъуамæ зона мæнæ ацы ирон лæппуйау!..

Куыста журнал «Фидиуæджы» редакцийы поэзийы сæргълæууæгæй, стæй та бæрнон нымæрдарæй, чиныгуадзæн «Ирыстон»-ы сæйраг редакторæй.

2020 азы 1-аг октябры Тбилисы Самгоры районы Киндзмараулы уынджы фездæхæнтæй иуæн лæвæрд æрцыд Гиуæргийы ном Тбилисы горæты муниципалитеты сакребулойы бардзырдæй.[2]

Сфæлдыстад ивын

1957 азы Цхинвалы мыхуыры рацыд Гиуæргийы æмдзæв¬гæты æмбырдгонды фыццаг чиныг ирон æвзагыл. 1962 азы гуырдзиаг æвзагыл мыхуыры рацыд æмдзæвгæты дыккаг чиныг. Бестауты Гиуæргийы æмдзæвгæтæ ратæлмац кодтой Харанаули Бесик, Шахназар Гиви, Аджиашвили Джемал, Джансугъ Чарквиани, Алхазишвили Гиви, Бекишвили Тедо æмæ æндæр зынгæ гуырдзиаг поэттæ. 1968 азы мыхыры рацыд Бестауты Георгийы æмдзæвгæты ног æмбырдгонд «Бон æмæ æхсæв». Уымæ нæкæсгæйæ, æмæ Гиуæрги гуырдзиаг скъола каст фæцис, гуырдзиаг ахуырад райста, уый йæ мадæлон æвзаг тынг хорз зыдта цæй тыххæй дæр уый ирон æвзаг афтæ хорз зонынæй стыр бузныг уыди йæ мадæй.

Гиуæрги дзæвгар фæтæлмац кодта гуырдзиагæй иронмæ æмæ иронæй гуырдзиагмæ. Уый бирæ куыста тæлмæцтыл. Уый иттæг хорз ратæл¬мац кодта гуырдзиаг литературæйы классикты Бараташвили Никъолозы, Чъавчъавадзе Ильяйы, Церетели Акъакъийы, Важа-Пшавелайы, Леонидзе Георгийы æмæ æндæрты уацмысты ирон æвзагмæ. Афтæ ма уый ратæлмац кодта нырыккон гуырдзиаг поэтты æмдзæвгæтæ. Гиуæрги хорз зыдта ирон æмæ гуырдзиаг фольклоры, историйы, аивадон литерæту¬рæйы, уый ирон æвзагмæ тынг хорз раивта Иуане Ялгъузидзейы поэмæ «Ялгъузиани», фæлæ æппæтæй сæйрагдæр уæддæр Шота Руставелийы æнæмæлгæ поэмæ уыд. «Стайы цармдарæджы» тæлмацыл уый дæс азы бахъуыд, 1962-1972 а.а. Йæ куыстæн ын стыр аргъ скодтой æмæ 1978 азы Бестауты Гиуæрги Иуане Мачабелийы премийы фыццаг лаурет сси.

Бестауты Гиуæргийы æмдзæвгæтæ тæлмац сты гуырдзиаг æвзагыл. 2016 азы мыхуыры рацыд Бестауты Гиуæргийы ноджы иу æмбырдгонд «Уарзты кувæндон». Чиныг сарæзта, биографион очерк æм бафтыдта æмæ йæ мыхуырмæ бацæттæ кодта Беппиты Наирæ.

Поэт Хъодзаты Æхсар Бестауы-фырты сфæлдыстады тыххæй ныффыста афтæ[3]:

 

Гиуæрги стыр курдиаты хицау кæй у, уый бæрæг уыд йæ фыццаг чиныгæй дæр. Куы йæ бакастæн, уæд ын йæ рæнхъытæй бирæтæ æвиппайды мæ зæрдыл бадардтон æмæ мæ абон дæр нæ рох кæнынц. Зæгъæм, мæнæ адон: «Галы фæдты къæвдайы дон сæлы... фæззæг у рæгъæд кæрдойау бур». Йæ уарзон чызджы тыххæй та æрыгон поэт афтæ фыста: «Раскъуынин ын къабайаг цъæх арвæй, скæнин ын Æрфæныфæдæй рон».

Бирæ азты дæргъы Цæгаты дæр æмæ Хуссары дæр цы чингуытæ цыд, уыдон бæз-бæз кодтой æнæахадгæ хус ныхæстæй, гомгæрцц лозунгтæй. Фæлæ «Хрущёвы тæфсæн дуг» («хрущёвская оттепель») куы ралæууыд, уæд литературæйы дæр уд цæуын байдыдта. Æмæ æхсайæм азты фæлтæрæн йе ’взыгъддæр зиууонтæй иу уыдис Бестауты Гиуæрги. «Куы рацæуын æлвæст кардау æз уынджы зæрдæхъæлдзæг, ныфсхаст æмæ сæрыстыр», — фыста йæ иу æмдзæвгæйы поэт. Æмæ æцæгæй дæр, цы йе ’ддаг бакаст, цы йæ удыконд, цы йæ поэтикон æхсар, йæ рæстдзинад — æрвызгъæрæй конд нæртон кардау тæмæнтæ калгæйæ баззади нæ зæрдæты Йæ фыццаг къахдзæфтæй йæ амæлæты бонмæ Гиуæрги уыди романтик. Уый дуне уыдта сыгъдæг, æнæхин цæстытæй.

 

Тæлмацгæнæджы куыст ивын

Бестауы-фырт уыдис дæсны тæлмацгæнæг. Ирон æвзагмæ ивта советон фысджыты уацмыстæ. Уæлдай арæхсджынæй тæлмац кодта гуырдзиаг поэтты æмдзæвгæтæ. Йæ царды хуыздæр азтæ схардз кодта Руставелийы «Стайыцармдарæг» ирон æвзагмæ раивыныл. Ацы куысты тыххæй йын лæвæрд æрцыдис Мачабелийы номыл Гуырдзыстоны паддзахадон преми.

Æрвитæнтæ ивын

Фиппаинæгтæ ивын