Бзыбь[1], Бзып (абх. Бзыҧ, гуырдз. ბზიფი, зæронд ном у гуырдз. კაპოეტისწყალი) у цæугæдон Абхазы, райдайы Ныгуылæн Кавказы хæхты 2300 метры бæрзæндыл. Тымбыл кæны дон Стыр хохы хуссар къуылдымтæй, уый йеддæмæ ма хуссары æрдыгæй цы фæрссаг рæгътæ лæууы, уыдонæй — Гагрæйы рагъæй, Бзыбы рагъæй æмæ æндæртæй. Бзыбь æмæ Гегæ цы бынатты æмбæлынц, уым лæууы Гегæйы ком, дыууæ ’рдыгæй йыл æрхъула кодтой хæхтæ. Бзыбы йæ донæфтæнмæ ’ввахс рахизы фæзмæ æмæ дыууæ къабазæй кæлы Сау денджызмæ. Бзыбы донæфтæны лæууы æмном хъæу.

Бзыбь
абх. Бзыҧ
гуырдз. ბზიფი
Характеристикæ
Дæргъ 110 км
Бассейн Сау денджыз
Цæугæдоны цыд
Гуырæн
 · Гуырæны бынат Стыр хох
 · Бæрзæнд 2300 м
Донæфтæн Сау денджыз
Ран
Паддзахæдтæ Абхаз Абхаз,
Гуырдзыстон Гуырдзыстон
Бзыбь (цæугæдон) (Абхаз)
гуырæн
донæфтæн

Цæугæдоны дæргъ у 110 километры, наудзыдæн нæ бæззы, йæ бассейны фæз у 1510 км². Бассейны чысыл фæзмæ нæкæсгæйæ, Бзыбь у тынг донарæх, уымæн æмæ Ныгуылæн Фæскавказ хицæн кæны къæвдаты уæлдай бæрзонд æмвæзæй. Дон кæлы нарæг комыл, уый æмбарын кæны доны æмвæзы дзæвгар дывæндытæ — 10-æй — 15 метры онг. Бирæ дзы ис фалер æмæ сауденджызон æргъай.

Юпшары цæугæдоны донысæры, Бзыбы бассейнмæ кæцы цæуы, уæвы зындгонд уæлхох цад Рицæ. Цадмæ донбылгæронæй цæуы автомобилон фæндаг, хайонæй цæуы Бзыбы дæлвæзыл. Цæугæдон у доны туризмы зындгонд трассæ.

Æртындæсæм километры Рицæмæ, Бзыбы цæугæдоны рахиз донбылыл уæвы карстæй конд Цъæх цад.

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Картæйы сыф K-37-33 Гагрæ. Масштаб: 1 : 100 000. Раны æууæл 1986-æм азы. Рауагъд 1987-æм азы.

Литературæ ивын

  • Гидрология реки Бзыбь: (Инженерно-геологическое описание, сток воды и наносов) / [Алавердашвили М. Ш., Григолия Г. Л., Квирквелия Б. Д. и др.]; Под ред. Г.Г. Сванидзе. — Тбилиси: Изд-во Тбил ун-та, 1981. — 144 с.
  • Бзыбь // Энциклопедический словарь Брокгауза и Ефрона : в 86 т. (82 т. и 4 доп.). — СПб., 1891. — Т. IIIa. — С. 657.