Биазыртæ кæнæ Биазæртæ (уырыс. Бязровы) сты ирон мыггаг.

Биазыртæ
Биазæртæ
Æндæр вариант Биазартæ
Рагон мыггаг Сидæмонтæ
Æрвадæлтæ Тедетæ, Лалытæ, Муритæ, Агетæ, Дзодзитæ, Дзедихъотæ, Хъæбæлотæ, Садихъатæ

Равзæрд

ивын

Мыггаг равзæрд Уæлладжыры комы Дæйыхъæуы Ос-Бæгъатыры фырт Сидæмоны къабазæй. Мыггаджы фыдæл Биазыр уыд Сидæмоны фырт Сукъайы байзæддаг. Биазыр куы слæг æмæ йæ фыдæй куы рахицæн, уæд йæ мыггаг йæхи номыл скодта æмæ афтæмæй Дæйы фæзынд Биазырты мыггаг.

Таурæгъмæ гæсгæ, Биазыртæн æрвадæлтыл нымад цæуынц Хуссар Ирыстоны Тедетæ æмæ Лалытæ, Цæгат Ирыстоны та Муритæ, Агетæ, Дзодзитæ, Дзедихъотæ, Хъæбæлотæ æмæ Садихъатæ. Биазырты мыггагæй дæр чидæртæ æрбалыгъдысты Дыгургоммæ æмæ æрцардысты Стыр Дыгуры.[1]

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.